Хуссар Иры президент раарфӕ кодта студенттӕн ӕмӕ сын ныфс бавӕрдта паддзахадон ӕххуысӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan ХИПУ студенттӕ
ХИПУ студенттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты азуырдзаутӕн Студенты боны цытӕн, кӕцы нысан цӕуы дыццӕджы, 25 январы.
Президент банысан кодта, зӕгъгӕ, студенттӕ уыдысты ӕмӕ баззайдзысты ӕхсӕнады иууыл мобилондӕр ӕмӕ хъӕппӕрисондӕр хаййӕ.
"Сымах хӕсджын стут уӕ разы ахадгӕ нысӕнттӕ ӕвӕрын ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнын. Уӕ позитивон архӕйдтыты сымах ӕнӕмӕнгдӕр ссардзыстут ӕххуыс бӕстӕйы разамынады рдыгӕй", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.
Бибылты Анатолий зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, студентон цард кӕй у иууыл ирддӕр рӕстӕг, уӕд адӕймаджы царды ӕрлӕууы ног дуг, кӕцы йемыдзаг вӕййы зонындзинӕдтӕ, ирд цаутӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕй.
"Абон ХИПУ-йы студенттӕ ахуыр кӕнынц нырыккон райдзаст уагдоны, ис сын алы фадӕттӕ дӕр профессионал суӕвынӕн ӕмӕ сфӕлдыстадон курдиат раргом кӕнынӕн", - банысан кодта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.
Президент равдыста ныфс, Хуссар Ирыстоны студентты энерги ӕмӕ курдиаты руаджы республикӕ кӕй цӕудзӕн размӕ ӕмӕ кӕндзӕн ӕнтыстджындӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0