Студентты бæрæгбон – Татьянæйы бон Хуссар Ирыстоны

Студентты бæрæгбон – Татьянæйы бон Хуссар Ирыстоны
Рафыссын
Тъæнджы мæйы 25 боны Хуссар Иры, куыд Уæрæсейы, парахатæй нысан кæнынц Татьянæйы, кæнæ Студентты бон.
Ацы бæрæгбон райдыдтой нысан кæнын XVIII æнусæй, сыгъдæг Татианæ та нымад æрцыд студенттыл аудæгæй.
Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты дыккаг курсы студенткæтæ Тыбылты Анна æмæ Сиукъаты Ирина раарфæ кодтой се 'мбæлттæн бæрæгбоны цытæн.
"Фæнды мæ зæгъын мæ курсæгтæн, афтæ ма чидæриддæр университеты ахуыр кæны, уыдонæн, цæмæй сæ сесси фæндзтыл сæхгæной. Нæ лектортæн дæр мæ стыр бузныг фæнды зæгъын, кæй ныл тыхсынц æмæ архайынц, цæмæй дæсны специалисттæ суæм", - загъта Тыбылты Анна.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры 106.3 FM уылæныл.
Ног хабӕртты лентӕ
0