Бибылты Анатолий: Хуссар Ир дарддӕр дӕр фидар кӕндзӕн дыууӕварсон ахастытӕ Донбассимӕ

© Photo : Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстон дарддӕр фидар кӕндзӕн ӕмгуыстад ӕмӕ дыууӕварсон ахастытӕ Донбассы республикӕтимӕ. Уый тыххӕй президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта медицинӕйы фадыджы ДАР бӕрзонд квалификациимӕ специалисттӕ – горӕт Макеевкайы фыццӕгӕм психиатрон рынчындоны сӕйраг дохтыр Елена Бабура ӕмӕ йӕ хӕдивӕг Инна Расторгуеваимӕ фембӕлды рӕстӕджы.
"Нӕ республикӕты хсӕн ахастыты райрӕзт у нӕ адӕмты иудзинады бындур. Бирӕ иумӕйаг проекттӕ сӕххӕст кодтой нӕ ахуырадон ӕмӕ медицинон уагдӕттӕ", - хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.
Афтӕ ма Бибылты Анатолий банысан кодта, зӕгъгӕ, Украинайы алыварс цы политикон уавӕр ӕвзӕры, уый здӕхт у Уӕрӕсейы Федераци фӕлӕмӕгъ кӕнынмӕ.
Елена Бабура загъта бузныг республикӕйы разамонӕгӕн хъарм райсты тыххӕй.
"Сымахмӕ ис хорз психологон базӕ, бӕрзонд квалификациимӕ специалисттӕ. Иумӕ архайгӕйӕ махӕн бантыстдзӕн сӕххӕст кӕнын нӕ ӕмбӕстӕгты психикон ӕнӕниздзинад ӕмӕ хӕрзӕбон", - загъта уый.
Фембӕлды кӕрон президент схорзӕхджын кодта уазджыты майдантӕй "Хуссар Ирыстоны адӕмы Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 10 азы сӕххӕст цытӕн" дыууӕ бӕстӕйы хӕларадон ахастытӕ сфидар кӕныны тыххӕй, афтӕ ма республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн практикон ӕххуыс бакӕныны тыххӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0