https://sputnik-ossetia.com/20220126/khodalaty-khansiat-chinguyty-palata-akhkhast-kandzan-literaturon-muzeyy-funktsi-dar-15312353.html
Хъодалаты Хансиат: Чингуыты палатӕ ӕххӕст кӕндзӕн литературон музейы функци дӕр
Хъодалаты Хансиат: Чингуыты палатӕ ӕххӕст кӕндзӕн литературон музейы функци дӕр
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты бакӕндзысты Чингуыты палатӕ. Ӕхсӕнадӕмон журналистикӕйы кафедрӕгӕс Хъодалаты Хансиат куы радзырдта, уымӕ гӕсгӕ... 26.01.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-01-26T17:52+0300
2022-01-26T17:52+0300
2022-01-26T17:52+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
радио иронау
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/01/19/15312309_0:0:3073:1728_1920x0_80_0_0_6126aeb63b392cfb6c841b86973a8d77.jpg
Хъодалаты Хансиат: Чингуыты палатӕ ӕххӕст кӕндзӕн литературон музейы функци дӕр
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъодалаты Хансиат: Чингуыты палатӕ ӕххӕст кӕндзӕн литературон музейы функци дӕр
Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты бакӕндзысты Чингуыты палатӕ. Ӕхсӕнадӕмон журналистикӕйы кафедрӕгӕс Хъодалаты Хансиат куы радзырдта, уымӕ гӕсгӕ, Чингуыты палатӕ у ахӕм структурӕ, кӕцы уадзы библиографион ӕмӕ статистикон бахыгъд паддзахады территорийыл уагъдцæуæг чингуытӕн."Паддзахадон университӕн у юбилейон аз, ӕххсӕт ыл кӕны 90 азы. Бӕрӕгбоны фӕлгӕтты уагъд цӕудзысты бирӕнымӕц мадзӕлттӕ, се ‘хсӕн ис Чингуыты палатӕйы сырӕзт дӕр", - загъта Хъодалаты Хансиат.Уый ма радзырдта, ацы фарсты фӕдыл университеты кæй ауагъдӕуыд ӕмбырд ректор Тедеты Вадимы сӕргълӕудӕй, цы ран бахастӕуыд хъуыды саразын Чингуыты палатӕ. Хъодалаты Хансиаты ныхӕстӕм гӕсгӕ, зонадон куыст кӕнгӕйӕ бахъӕуы алыгъуызон чингуытӕ, фӕлӕ алы хатт къухы нӕ бафты хъӕуӕг литературӕ. Уымæ гæсгæ ацы палатӕйы сырӕзт у ӕнӕмӕнгхъӕугӕ."Цалдӕр азы размӕ уырыссаг ӕвзадзжы кафедрӕйы доцент Остъаты Джульеттамӕ уыд литературон музей бакӕныны фӕнд, фӕлӕ Чингуыты палатӕ йӕхимидӕг баиу кӕндзӕн куыд ӕппӕт зонадон, литературон ӕмӕ ӕндӕр хуызты литературӕ, афтӕ ма литературон музейы функцитӕ дӕр, уыимӕ ма чингуыты цифрӕмӕ ракӕныны хъуыддаг дӕр. Афтӕмӕй арӕзт ӕрцӕудзӕн чингуыты иууон каталог гӕххӕтты ӕмӕ электронон хуызы дӕр", - банысан кодта кафедрӕгӕс.Хъодалаты Хансиат ма бахахх кодта, Чингуыты палатӕ бакӕнын ӕнцон хъуыддаг кӕй нӕу, фӕлӕ цӕмӕй ма фесӕфа интеллектуалон хъӕздыгдзинад, уый тыххӕй бафыдӕбон кӕнын хъӕуы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/01/19/15312309_0:0:2731:2048_1920x0_80_0_0_d7eba64f20ec8b2f31e83937f6e52d1a.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, радио иронау , аудио
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, радио иронау , аудио
Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты бакӕндзысты Чингуыты палатӕ. Ӕхсӕнадӕмон журналистикӕйы кафедрӕгӕс Хъодалаты Хансиат куы радзырдта, уымӕ гӕсгӕ, Чингуыты палатӕ у ахӕм структурӕ, кӕцы уадзы библиографион ӕмӕ статистикон бахыгъд паддзахады территорийыл уагъдцæуæг чингуытӕн.
"Паддзахадон университӕн у юбилейон аз, ӕххсӕт ыл кӕны 90 азы. Бӕрӕгбоны фӕлгӕтты уагъд цӕудзысты бирӕнымӕц мадзӕлттӕ, се ‘хсӕн ис Чингуыты палатӕйы сырӕзт дӕр", - загъта Хъодалаты Хансиат.
Уый ма радзырдта, ацы фарсты фӕдыл университеты кæй ауагъдӕуыд ӕмбырд ректор Тедеты Вадимы сӕргълӕудӕй, цы ран бахастӕуыд хъуыды саразын Чингуыты палатӕ. Хъодалаты Хансиаты ныхӕстӕм гӕсгӕ, зонадон куыст кӕнгӕйӕ бахъӕуы алыгъуызон чингуытӕ, фӕлӕ алы хатт къухы нӕ бафты хъӕуӕг литературӕ. Уымæ гæсгæ ацы палатӕйы сырӕзт у ӕнӕмӕнгхъӕугӕ.
"Цалдӕр азы размӕ уырыссаг ӕвзадзжы кафедрӕйы доцент Остъаты Джульеттамӕ уыд литературон музей бакӕныны фӕнд, фӕлӕ Чингуыты палатӕ йӕхимидӕг баиу кӕндзӕн куыд ӕппӕт зонадон, литературон ӕмӕ ӕндӕр хуызты литературӕ, афтӕ ма литературон музейы функцитӕ дӕр, уыимӕ ма чингуыты цифрӕмӕ ракӕныны хъуыддаг дӕр. Афтӕмӕй арӕзт ӕрцӕудзӕн чингуыты иууон каталог гӕххӕтты ӕмӕ электронон хуызы дӕр", - банысан кодта кафедрӕгӕс.
Хъодалаты Хансиат ма бахахх кодта, Чингуыты палатӕ бакӕнын ӕнцон хъуыддаг кӕй нӕу, фӕлӕ цӕмӕй ма фесӕфа интеллектуалон хъӕздыгдзинад, уый тыххӕй бафыдӕбон кӕнын хъӕуы.