https://sputnik-ossetia.com/20220126/khussarirystoynag-nizafkhard-sabita-reabilitatsii-ratsaudzysty-khyrymy-15328052.html
Хуссарирыстойнаг низӕфхӕрд сабитӕ реабилитации рацӕудзысты Хъырымы
Хуссарирыстойнаг низӕфхӕрд сабитӕ реабилитации рацӕудзысты Хъырымы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад радон хатт арвитдзӕн низджын сывӕллӕтты дыууӕкъуырион реабилитацимӕ... 26.01.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-01-26T15:08+0300
2022-01-26T15:08+0300
2022-01-26T15:08+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/679/20/6792009_0:80:3076:1810_1920x0_80_0_0_68c020f31e03aa30093437b0247d2583.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад радон хатт арвитдзӕн низджын сывӕллӕтты дыууӕкъуырион реабилитацимӕ Евпаторимӕ.Реабилитаци цӕудзӕн Е.П. Глинкайы номыл Евпаторийы ӕфсӕддон клиникон сывӕллӕтты санаторийы. Мадзал ӕххӕст цӕуы Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан ӕмӕ уагдоны сӕргълӕууӕг Юрий Пономаренкойы хсӕн бадзырды фӕрцы.Санаторийы фадӕттӕ амонынц райсын сабиты, кӕцытӕн ис церебралон паралич, нуӕрты системӕйы ӕмӕ ӕндӕр низтӕ.Уӕлӕмхас информаци базоныны тыххӕй хъӕуы бафӕрсын министры ӕххуысгӕнӕг Коцты Сергейы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/679/20/6792009_347:0:3076:2047_1920x0_80_0_0_a05ff3402d9432405c192d05c03bc457.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссарирыстойнаг низӕфхӕрд сабитӕ реабилитации рацӕудзысты Хъырымы
ЦХИНВАЛ, 26 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад радон хатт арвитдзӕн низджын сывӕллӕтты дыууӕкъуырион реабилитацимӕ Евпаторимӕ.
Реабилитаци цӕудзӕн Е.П. Глинкайы номыл Евпаторийы ӕфсӕддон клиникон сывӕллӕтты санаторийы. Мадзал ӕххӕст цӕуы Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан ӕмӕ уагдоны сӕргълӕууӕг Юрий Пономаренкойы хсӕн бадзырды фӕрцы.
"Сабитӕ ӕмӕ уыдонмӕ хъусдарджыты фӕхӕццӕ кӕндзысты санаторимӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ. Уыдон ӕнӕаргъӕй цӕрдзысты ӕмӕ хоскӕнынад цӕудзысты санаторийы 14 боны дӕргъы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Санаторийы фадӕттӕ амонынц райсын сабиты, кӕцытӕн ис церебралон паралич, нуӕрты системӕйы ӕмӕ ӕндӕр низтӕ.
Уӕлӕмхас информаци базоныны тыххӕй хъӕуы бафӕрсын министры ӕххуысгӕнӕг Коцты Сергейы.