УУМ: Транскамыл уары мит, фӕлӕ фӕндаг у гом

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам зимой
Транскам зимой - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 янв – Sputnik, Козаты Диана. Транскам кусы хуымӕтӕг режимы, фӕстаг дыууӕ боны боныгъӕдтӕ кӕй февзӕр сты, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, фехъусын кодтой Sputnik ӕртыццӕджы Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады радгӕсон хайады.
Республикӕйы дыккаг бон фӕд-фӕдыл уары мит, фӕндагон службӕтӕ кӕсынц трассӕйы уавӕрмӕ ӕмӕ йӕ дарынц куыстхъомӕй.
"Транскамыл лыстӕг уары мит, фӕлӕ транспортон змӕлд цӕуы хуымӕтӕг режимы. Райсом фӕндаг асыгъдӕг кодтой, сӕрмагонд службӕтӕ ӕппынӕдзух сӕ хъус дарынц йӕ уавӕрмӕ. Куы бахъӕуа, уӕд та ногӕй асыгъдӕг кӕндзысты трассӕ", - радзырдтой УУМ.
Уагдоны ӕрсидтысты шофыртӕм ӕххӕст кӕнын тагъдады режим ӕмӕ сӕхи хъахъхъӕнын балцы рӕстӕджы.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндаг кӕддӕрты ӕрцӕуы ӕхгӕд стыр митуарды аххосӕй.
Цхинвалы коммуналон службӕтӕ рахызтысты митӕй уынгтӕ сыгъдӕг кӕнынмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.01.2022
Цхинвалы коммуналон службӕтӕ рахызтысты митӕй уынгтӕ сыгъдӕг кӕнынмӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0