Хуссарирыстойнаг боксер стох кӕндзӕн гуырахстджын ерысты Ижевскы

© Photo : Из личного архива тренера И.КокоеваКоцты Артур
Коцты Артур  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 янв- Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Боксы скъолайы минӕвар Коцты Артур стох кӕндзӕн спортивон ӕхсӕнад "Динамо"-йы ерысты, фехъусын кодта скъолайы директоры Кокойты Ирбег.
Коцты Артур у республикӕйы ӕрыгон цӕттӕдӕр боксертӕй сӕ иу. Ивгъуыд аз дӕр уый рацыд ӕвзӕрст Уӕрӕсейы фыццагадмӕ.
"Уӕрӕсейы ӕмбырдгондӕй йӕхи ӕмкаронтимӕ Артур рацыд цӕттӕгӕнӕн сбортӕ Адлеры. Уырдыгӕй комкоммӕ ацыд ерыстӕм Ижевскмӕ. Хъуамӕ хорз стох кӕна. Ерыстӕ сты ӕвзарӕн этап Уӕрӕсейы фыццагадмӕ", - загъта Кокойты Ирбег.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, лӕппуйӕ тренерон штаб ӕвӕры стыр ныфс.
"Цӕттӕ йӕ кӕнынц Кокойты Мурат ӕмӕ Коцты Вадим. Ацы ерысты куыннӕ рацӕуа ӕвзӕрст, уӕддӕр нырма у сезоны райдайӕн ӕмӕ йын ис бирӕ фадӕттӕ ӕндӕр ерысты дӕр", - бафтыдта уый.
Ерыстӕ Ижевскы цӕудзысты 25-30 январы.
Коцты Артур тох кӕны 15-16 азы кары фӕсивӕды хсӕн 75 килограммы уӕзы категорийы.
Ног хабӕртты лентӕ
0