Мамиты Григорий: Быценты Геннадий уыд ӕргомзӕрдӕ лӕг

Мамиты Григорий: Быценты Геннадий уыд ӕргом лӕг
Рафыссын
Хуссар Иры паддзахадон телеуынынады эфиры ӕрӕджы рацыд зынгӕ хореограф Быценты Геннадийы цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл алӕвӕрд "Фӕстаг репетици". Бацӕттӕ йӕ кодтой Мамиты Григорий ӕмӕ Бестауты Юля.
Мамиты Григорий куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ Геннадийы удӕгасӕй йӕм уыдон бирӕ рӕстӕг хатыдысты, цӕмӕй йыл алӕвӕрд сарӕзтаиккой, фӕлӕ зындгонд хореограф нӕ разы кодта.
"Фӕстаг дыууӕ азы йемӕ ныхас кодтам, цӕмӕй йыл алӕвӕрд саразӕм, фӕлӕ нын нӕ разы кодта. Фӕстӕдӕр ӕм бацыдтӕн ӕмӕ йын загътон, зӕгъын дӕм ӕз нал хъусын, фӕлӕ цӕуӕм репетицимӕ ӕмӕ исӕм сывӕллӕтты. Бамбӕрста йӕ, ӕндӕр гӕнӕн дзы кӕй нӕй, ӕмӕ ницыуал загъта", - радзырдта режиссер.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон фӕндыд уыцы ӕрмӕджытӕй спайда кӕнын интервьюйы рӕстӕджы, фӕлӕ, хъыгагӕн, сӕ фӕнд къухы нал бафтыд - карз низ аскъуыдта культурӕйы фадыджы сгуыхт архайӕджы цард.
"Йӕ бинойнаг Тедеты Валентина нӕм фӕдзырдта мӕ нын бузныджы ныхӕстӕ загъта, сӕрмагондӕй йӕ репетицийы рӕстӕджы кӕй систам, уый тыххӕй", - загъта Григорий.
Быценты Геннадийыл дзургӕйӕ, алӕвӕрды автор банысан кодта, хореограф кӕй уыд ӕргом зӕрдӕ, йӕ хъуыдытӕ кӕй никуы сусӕг кодта.
Ног хабӕртты лентӕ
0