Дзабиты Вячеслав: Хуссар Ирыстонæн ис стыр геоэкономикон потенциал

Дзабиты Вячеслав: Хуссар Ирыстонæн ис стыр геоэкономикон потенциал
Рафыссын
Хуссар Ирыстонæн ис стыр геоэкономикон потенциал, нымайы зонадон кусæг, экономист Дзабиты Вячеслав. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, хæдбардзинадыл тохгæнгæйæ ма Хуссар Ирыстоны адæм тох кодтой Уæсæсейы интерестыл дæр.
"Размæ куы акæсæм, уæд стыр потенциал ис транзитæн дæр. Зæгъæм, азы дæргъы мах хъæуы 25 милуан кубометры газ, махмæ та ис 250 милуан кубометры, ома дæс хатты фылдæр. Уый дзурæг у ууыл, æмæ Уæрæсейы сомбоны планы ис газ транзитæй æрвитын", - загъта Вячеслав.
Уый ма куыд бафиппайдта, афтæмæ историмæ æркæсгæйæ рабæрæг вæййы, экономикæйы райрæзт бæстæты кæй райдайы паддзахадон æлхæдтæй. Цæвиттонæн ахуыргонд æрхаста Английы паддзахад, кæцыйы экономикон райрæзт райдыдта къуымбилæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0