Дзӕуджыхъӕуы фыццаг хатт среставраци кӕндзысты Ирон театры бӕстыхай

© culture.ruСеверо-Осетинский государственный академический театр имени В.Тхапсаева
Северо-Осетинский государственный академический театр имени В.Тхапсаева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 янв Sputnik. Тӕбӕхсауты Балойы номыл Цӕгат-Ирыстойнаг паддзахадон академион театр ӕрцӕудзӕн реставраци. Уагдонмӕ кусӕгон балцы фӕуазӕг республикӕйы хицауады сӕрдар Дзанайты Борис, хъусын кӕны 15-ӕм регион.
Ирон театры директор Дудайты Чермены ныхӕстӕм гӕсгӕ, бӕстыхай арӕзт ӕрцыд 1968 азы, уӕдӕй фӕстӕмӕ косметикон цалцӕгӕй дарддӕр уым ницы гуырахстджын ивындзинӕдтӕ ӕрцыдысты.
"Раууатмӕ ӕрцыд йӕ электрохахх, хъӕрмад ӕмӕ донуадзӕн системӕтӕ, канализации, вентиляции. Базӕронд сты сценӕйон ифтонгад ӕмӕ механикӕ. Ныртӕккӕ дзы кусы авд штанкеры, раздӕр та уыдысты 48. Ӕнӕмӕнгӕй ма хъӕуы сцалцӕг кӕнын гримеркӕтӕ ӕмӕ цехтӕ", - радзырдта уый.
Компани "СКИФОС-РСК" ныридӕгӕн бацӕттӕ кодта ӕмбӕлон зонадон-проектон документацитеатры серьезон реставрации саразынӕн.
Хицауады сӕрдар бахӕс кодта февралы кӕрӕттӕм адих кӕнын куыстытӕ этаптыл ӕмӕ банысан кодта, ирон театры реставрацион куыстытӕ кӕй ма хъуамӕ бандавон культурон уагдоны куыстыл.м
Ног хабӕртты лентӕ
0