Хуссар Иры бакӕндзысты паддзахадон интернет-афтек

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры бакӕндзысты паддзахадон интернет-афтек
Хуссар Иры бакӕндзысты паддзахадон интернет-афтек - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 янв - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад бакӕндзӕн паддзахадон интернет-афтек, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службӕйы.

"Сӕрмагондӕй интернет-афтекӕн сарӕзтой сайт (http://www.aftek.shop). Уым гӕнӕн ис саразын заказ хӕдзарӕй ӕнӕрахизгӕйӕ. Ацы лӕггӕдтӕй пайда кӕныны фадат ис нырма ӕрмӕстдӕр горӕты цӕрджытӕн райсом фараст сахатӕй ӕхсӕв 24:00 онг", загътой пресс-службӕйы.

Уагдоны ма бафтыдтой, куысты рӕстӕг цы зыгъуыдытӕ раргом уой, уыдон иуварс цӕудзысты.
Фыццаг рӕстӕг хостӕ хӕдзармӕ хӕсдзысты аргъыл - 100 сомы.
Ног хабӕртты лентӕ
0