Уӕрӕсейы бакодтой цӕрӕмбонтӕм ахӕст педофилтӕн-рецидивисттӕн

© Sputnik / Алексей Куденко /  Ахизын медиабанкмæСледственный изолятор
Следственный изолятор  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.01.2022
Рафыссын
Ӕмбӕлон барамынд бафыста бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Владимир Путин
ЦХИНВАЛ, 28 янв - Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин бафыста закон педофилтӕ-рецидивистӕн цӕрӕмбонты ахӕсты фӕдыл. Документ майрӕмбоны мыхуыр ӕрцыд барадон информацийы официалон интернет-порталыл.
Цӕрӕмбонтӕм ахӕстоны фӕбадыны фӕдыл закон ӕххӕсдзӕн педофилтӕ-рецидивисттыл, кӕцытӕ фӕхынджылӕг кодтой 18 азы кары онг сывӕллӕттӕй (раздӕр уыд 14 азы онг).
Уымӕй дарддӕр ма законы нысан ӕрцыдысты ахӕм цаутӕ, кӕд фыдгӕнӕджы амӕттаг баисты дыууӕ кӕнӕ фылдӕр сывӕллоны.
Ӕмбӕлон барастгӕнинӕгтӕ фӕзындзысты Уӕрӕсейы УК статьятӕ 131 ("Тыхми") ӕмӕ 132 ("Тыхми сексуалон характеримӕ").
Ног хабӕртты лентӕ
0