https://sputnik-ossetia.com/20220129/plity-vadim-khussar-ir-iuuyldr-kond-u-tsymydison-byntty-15258485.html
Плиты Вадим: Хуссар Ир иууылдæр конд у цымыдисон бынæттæй
Плиты Вадим: Хуссар Ир иууылдæр конд у цымыдисон бынæттæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны зымæгон улæфæн бынæттæй сæйрагдæр у Цъон, арæх æм æрцæуынц туристтæ дæр. Экономикон райрӕзты министрады туризмы дӕлхайады хистӕр Плиты Вадим... 29.01.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-01-29T11:18+0300
2022-01-29T11:18+0300
2022-01-29T11:18+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/01/13/15258404_0:0:3001:1688_1920x0_80_0_0_65c613e56b5c8005d8869b134175344b.jpg
Плиты Вадим: нæ республикæйы ис бирæ цымыдисон бынæттæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Плиты Вадим: Нæ республикæйы ис бирæ цымыдисон бынæттæ
Хуссар Ирыстоны зымæгон улæфæн бынæттæй сæйрагдæр у Цъон, арæх æм æрцæуынц туристтæ дæр. Экономикон райрӕзты министрады туризмы дӕлхайады хистӕр Плиты Вадим куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны цымыдисон бирæ бынæттæ ис схонæн. Республикæмæ æрцæуынц, цæмæй феной куыд адæмы, афтæ хæхбæстæ, цæдтæ, мæсгуытæ, дзуæрттæ дæр.Уыимæ иумæ ма банысан кодта, зæгъгæ, уазджытæ куы æрцæуынц, уæд фыццаг фенынц Хуссар Ирыстоны сæйраг горæт."Цхинвалæн йæ истори дæр хъæздыг у, райдыдта 3 æнусы Чырыстийы райгуырдæй", - зæгъы туризмы дæлхайады хистæр.Туризмы ис цыппар фадыджы: рекреационон, ома фæллад суадзыны нысан кæмæн ис, ахæм, культурон-историон, æнæниздзинадæн хосгæнæн æмæ спортивон, эктремалон туризм. Бæстонæй Хуссар Ирыстоны туризм æмæ йе здæхтытыл хъусут радио Sputnik-ы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/01/13/15258404_122:0:2789:2000_1920x0_80_0_0_e4143b2fe46c8a03364a0fec61fe37fe.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудио
Хуссар Ирыстоны зымæгон улæфæн бынæттæй сæйрагдæр у Цъон, арæх æм æрцæуынц туристтæ дæр. Экономикон райрӕзты министрады туризмы дӕлхайады хистӕр Плиты Вадим куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны цымыдисон бирæ бынæттæ ис схонæн. Республикæмæ æрцæуынц, цæмæй феной куыд адæмы, афтæ хæхбæстæ, цæдтæ, мæсгуытæ, дзуæрттæ дæр.
"Урс Туалты ис этнографион фадыг: фыдæлты дзуæрттæ æмæ мæсгуытæ. Хъелы цад - уым ис зæронд вулкантæ. Къуыдаргомы ис диссаджы рæсугъд æрдз, Æхсæрдзæнты дæлвæз, Ерцъойы æмæ Къозы цæдтæ. Знауыры район йæ фидæрттимæ, Ленингоры районы Ерыстауты галуан, Дзимыргом, афтæ ма горæт йæхæдæг дæр", - ранымадта Плиты Вадим.
Уыимæ иумæ ма банысан кодта, зæгъгæ, уазджытæ куы æрцæуынц, уæд фыццаг фенынц Хуссар Ирыстоны сæйраг горæт.
"Цхинвалæн йæ истори дæр хъæздыг у, райдыдта 3 æнусы Чырыстийы райгуырдæй", - зæгъы туризмы дæлхайады хистæр.
Туризмы ис цыппар фадыджы: рекреационон, ома фæллад суадзыны нысан кæмæн ис, ахæм, культурон-историон, æнæниздзинадæн хосгæнæн æмæ спортивон, эктремалон туризм. Бæстонæй Хуссар Ирыстоны туризм æмæ йе здæхтытыл хъусут радио Sputnik-ы.