https://sputnik-ossetia.com/20220131/khussar-iry-atsaudzan-fasivadon-forum-khipu-90-azy-yubileyma-15369383.html
Хуссар Иры ацӕудзӕн фӕсивӕдон форум ХИПУ 90 азы юбилеймӕ
Хуссар Иры ацӕудзӕн фӕсивӕдон форум ХИПУ 90 азы юбилеймӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 31 янв - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ацӕудзӕн фыццаг фӕсивӕдон форум, хъусын кӕны ХИПУ пресс-службӕ. 31.01.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-01-31T16:30+0300
2022-01-31T16:30+0300
2022-01-31T16:30+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/849/30/8493039_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_b3c77bc6fb74e6e46ba80ed9201137d1.jpg
ЦХИНВАЛ, 31 янв - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ацӕудзӕн фыццаг фӕсивӕдон форум, хъусын кӕны ХИПУ пресс-службӕ.Ахуырадон уагдоны банысан кодтой, мадзал цӕттӕ цӕуы Цӕгат Кавказы федералон университеты (ЦКФУ) ӕмархайдӕй.Sputnik ныхасӕмбалы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй мадзал ацӕудзӕн фӕззӕджы ХИПУ базӕйыл.Университет азы дӕргъы нывӕнды ауадзын: юбилейон ӕвзист згъӕрӕхцайы презентаци, кӕцы ацы бонмӕ рауагъта РХИ национ банк, чингуыты палатӕйы баконд, афтӕ ма лекциты цикл Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы фыдыбӕстӕйон историйы фӕдыл ХИПУ ӕмӕ уӕрӕсейаг зындгонд ахуыргондты хайадистӕй.Афтӕ ма февралы кӕрӕтты ацуӕдзӕн тымбыл фынг "Россия и Южная Осетия в контексте безопасности Кавказа", цы ран хайад райсдзысты эксперттӕ-политилогтӕ Уӕрӕсе, Израиль, Хуссар Ирыстон ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй.Юбилейӕн нывонд уыдзӕн авто-мотозгъорд дӕр Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты раритетон транспорты хайадистӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/849/30/8493039_312:0:3043:2048_1920x0_80_0_0_c2f89593f0f64cf264e0d94e80b3d35c.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры ацӕудзӕн фӕсивӕдон форум ХИПУ 90 азы юбилеймӕ
ЦХИНВАЛ, 31 янв - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ацӕудзӕн фыццаг фӕсивӕдон форум, хъусын кӕны ХИПУ пресс-службӕ.
Ахуырадон уагдоны банысан кодтой, мадзал цӕттӕ цӕуы Цӕгат Кавказы федералон университеты (ЦКФУ) ӕмархайдӕй.
"Форум ӕрӕмбырд кӕндзӕн 150 хайадисӕджы фӕссоветон тыгъдады республикӕтӕй. Мадзал уагъд цӕуы университеты 90 азы юбилейы бӕрӕгбоны фӕлгӕтты, афтӕ ма ЦКФУ 10 азы юбилейы цытӕн", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Sputnik ныхасӕмбалы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй мадзал ацӕудзӕн фӕззӕджы ХИПУ базӕйыл.
Университет азы дӕргъы нывӕнды ауадзын: юбилейон ӕвзист згъӕрӕхцайы презентаци, кӕцы ацы бонмӕ рауагъта РХИ национ банк, чингуыты палатӕйы баконд, афтӕ ма лекциты цикл Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы фыдыбӕстӕйон историйы фӕдыл ХИПУ ӕмӕ уӕрӕсейаг зындгонд ахуыргондты хайадистӕй.
Афтӕ ма февралы кӕрӕтты ацуӕдзӕн тымбыл фынг "Россия и Южная Осетия в контексте безопасности Кавказа", цы ран хайад райсдзысты эксперттӕ-политилогтӕ Уӕрӕсе, Израиль, Хуссар Ирыстон ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй.
Юбилейӕн нывонд уыдзӕн авто-мотозгъорд дӕр Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты раритетон транспорты хайадистӕй.