https://sputnik-ossetia.com/20220131/khussarirystoynag-sportsmenka-rambyldta-arta-maydany-lenk-kanynay-erysty-peterburdzhy-15364834.html
Хуссарирыстойнаг спортсменкӕ рамбылдта ӕртӕ майданы ленк кӕнынӕй ерысты Петербурджы
Хуссарирыстойнаг спортсменкӕ рамбылдта ӕртӕ майданы ленк кӕнынӕй ерысты Петербурджы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 31 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ӕвзонг спортсменкӕ Уалыты Даяна рамбылдта ӕртӕ майданы Ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты ленк кӕнынӕй "Mad... 31.01.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-01-31T10:09+0300
2022-01-31T10:09+0300
2022-01-31T10:09+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/01/1e/15363702_0:150:1600:1050_1920x0_80_0_0_f24dbb6afefc32b22ed4339e0126afa2.jpg
ЦХИНВАЛ, 31 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ӕвзонг спортсменкӕ Уалыты Даяна рамбылдта ӕртӕ майданы Ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты ленк кӕнынӕй "Mad Wave Challenge-2022"-ы Санкт-Петербурджы, фехъусын кодта Sputnik тренер Евгения Терлеева.Уалыты Даяна ссис уӕлахиздзау 200 метры дистанцимӕ баттерфляйӕ, афтӕ ма бацахста дыккаг бынат 100 метры дистанцимӕ фӕсонтыл ӕмӕ ссис бронзӕйон майданы хицау 50 метры дистанцимӕ фӕсонтыл.Ерысты хайад райстой ӕндӕр спортсментӕ дӕр Хуссар Ирыстонӕй, кӕцытӕ, Терлеевайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕвзӕр фӕстиуджытӕ нӕ равдыстой.Евгения Терлеевайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы аз ерыстӕ сты ӕртӕэтапон. Фыццаг этап уыд ерыстӕ Сантк-Петербурджы, дыккаг – горӕт Рузайы марты райдайӕны ӕмӕ ӕртыккаг этап та ацӕудзӕн Казаны."Ӕртӕ этапы ралӕудты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ уӕлахиздзауты ӕрӕмбырд кӕндзысты Казаны тренировкӕты рӕвдзытӕм. Нӕ сӕйраг хӕслӕвӕрд у бахауын уыцы ахуырадон-тренировкӕты лагермӕ", - банысан кодта уый.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/01/1e/15363702_0:0:1600:1200_1920x0_80_0_0_064c0597fe40914c2dcabda243b17448.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
Хуссарирыстойнаг спортсменкӕ рамбылдта ӕртӕ майданы ленк кӕнынӕй ерысты Петербурджы
ЦХИНВАЛ, 31 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ӕвзонг спортсменкӕ Уалыты Даяна рамбылдта ӕртӕ майданы Ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты ленк кӕнынӕй "Mad Wave Challenge-2022"-ы Санкт-Петербурджы, фехъусын кодта Sputnik тренер Евгения Терлеева.
Уалыты Даяна ссис уӕлахиздзау 200 метры дистанцимӕ баттерфляйӕ, афтӕ ма бацахста дыккаг бынат 100 метры дистанцимӕ фӕсонтыл ӕмӕ ссис бронзӕйон майданы хицау 50 метры дистанцимӕ фӕсонтыл.
Ерысты хайад райстой ӕндӕр спортсментӕ дӕр Хуссар Ирыстонӕй, кӕцытӕ, Терлеевайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕвзӕр фӕстиуджытӕ нӕ равдыстой.
"Фӕнды мӕ рахицӕн кӕнын Тасойты Арсен ӕмӕ Тыджыты Дианайы, уыдон 2008-2009 азты гуырд спортсменты хсӕн ӕвзӕр фӕстиуджытӕ нӕ равдыстой. Арсен ӕртӕ дистанцийыл бахызт дӕс тыхджындӕр спортсмены номхыгъдмӕ ӕмӕ бацахста фӕндзӕм бынат 50 метры дистанцимӕ баттерфляйӕ, фӕндзӕм бынат 100 метры дистанцимӕ уӕгъдибар стилӕй ӕмӕ ӕстӕм бынат 200 метры дистанцимӕ баттерфляйӕ. Тыджыты Диана бацахста дӕсӕм бынат 100 метры дистанцимӕ фӕсонтыл", - радзырдта тренер.
Евгения Терлеевайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы аз ерыстӕ сты ӕртӕэтапон. Фыццаг этап уыд ерыстӕ Сантк-Петербурджы, дыккаг – горӕт Рузайы марты райдайӕны ӕмӕ ӕртыккаг этап та ацӕудзӕн Казаны.
"Ӕртӕ этапы ралӕудты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ уӕлахиздзауты ӕрӕмбырд кӕндзысты Казаны тренировкӕты рӕвдзытӕм. Нӕ сӕйраг хӕслӕвӕрд у бахауын уыцы ахуырадон-тренировкӕты лагермӕ", - банысан кодта уый.