Хуссар Иры тагъд ӕххуысы кусджытӕн фӕфылдӕр кодтой сӕ мызд

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры тагъд ӕххуысы кусджытӕн фӕфылдӕр кодтой сӕ мызд
Хуссар Иры тагъд ӕххуысы кусджытӕн фӕфылдӕр кодтой сӕ мызд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны тагъд ӕххуысы кусджытӕн сӕ мыздтӕ фӕфылдӕр кодтой дыууӕ-ӕртӕ мин сомы бӕрц. Уый уыд "мыздтӕ фидынмӕ" хъусдард фӕхуыздӕр кӕныны фӕстиуӕг, кӕцы ӕххӕст кӕны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады командӕ, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
"Тагъд ӕххуысы станцы аудиты фӕстиуӕг ссис хъусдарды уӕлӕмхасӕн системӕйы баконд, кӕцымӕ гӕсгӕ кусджытӕ сӕхӕдӕг сӕ хъус дарынц сӕ куысты гуырахсты фӕдыл фиддонтӕм. Ацы ивындзинӕдты руаджы кусджытӕн сӕ мызд фӕфылдӕр дыууӕ-ӕртӕ мин сомы бӕрц", - банысан кодтой Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады.
Уагдоны ма бахахх кодтой, зӕгъгӕ, Станцы алы кусӕгӕн дӕр "фадат ис фенын документтӕ, цы ран фыст ис сменӕйы тыххӕй фиддонты нымӕц ӕмӕ бӕрцуат".
Министрады фидарӕй загътой, кӕй адарддӕр кӕндзысты сӕ куыст фиддонтӕм хъусдарды фӕдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0