Куыддӕр ӕй адӕм ӕрдомой: ӔХМ радзырдтой, кӕд фӕзындзӕн Хуссар Иры вакцинӕ "Спутник М"

© Sputnik / Александр Кондратюк /  Ахизын медиабанкмæВакцинаци
Вакцинаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад самал кӕндзӕн коронавирусы ныхмӕ вакцинӕ фӕсивӕдӕн "Спутник -М" куыддӕр йӕ адӕм ӕрдомой, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службӕйы.
Ацы бонты Уӕрӕсейы столицӕйы райдыдта вакцинаци коронавирусы ныхмӕ фӕсивӕдӕн, Мӕскуыйы конд ӕрцыд 13 пункты.

"Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад фӕсивӕдон вакцинӕ нӕ самал кодта, адӕм ӕй кӕй нӕ домынц, уымӕ гӕсгӕ. Куыддӕр ахӕм куырдиӕттӕ фӕзына, афтӕ ӕрцӕудзӕн ӕлхӕд", - загътой уагдоны.

"Спутник М" нымад у 12-17 азы фӕсивӕдӕн. "Спутник V" йӕ хицӕн кӕны къаддӕр дозӕйӕ.
Хуссар Ирыстоны официалон статистикӕмӕ гӕсгӕ, вакцинӕ "Спутник V" ӕмӕ "Спутник Лайт" сарӕзтой 1 800 адӕймаджы бӕрц. Вакцинаци цӕуы 2021 азы майӕ фӕстӕмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0