Транскамыл фӕндагон змӕлд сног ис ӕххӕстбӕрцӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам зимой
Транскам зимой - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 фев - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Транскавказаг автомагистраль бакодтой ӕппӕт хуызы транспортӕн дӕр, фӕндагон змӕлд уӕвы ӕнӕкъуыхцыйӕ, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны УУМ пресс-службӕйы.
Райсомӕй трассӕ ӕхгӕд ӕрцыд уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕн тыхджын митуарды тыххӕй.
"Ручъы ӕфцӕджы хуссарварс уары мит, кӕцыдӕр фадгуыты фӕндаджы уӕлцъар у их, фӕлӕ иумӕйагӕй фӕндаг асыгъдӕг кодтой", - загътой уагдоны.
УУМ сиды шофыртӕм, цӕмӕй уой арӕхстджын ӕмӕ хъахъхъӕной сӕхи зымӕгон фӕндагыл.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндаг кӕддӕрты ӕрцӕуы ӕхгӕд стыр митуарды аххосӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0