Цхинвалы хӕдтулгӕ сӕмбӕлд горӕты скъолайы ӕмбондыл, хъусын кӕны МХМ

© Пресс-служба МВД РЮО Цхинвалы хӕдтулгӕ сӕмбӕлд горӕты скъолайы ӕмбондыл
Цхинвалы хӕдтулгӕ сӕмбӕлд горӕты скъолайы ӕмбондыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik. Цхинвалы центры дыццӕджы бонӕй ӕрцыд авари фӕсарӕйнаг маркӕйы хӕдтулгӕйы хайадистӕй – шофыр нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд ӕхсӕзӕм астӕуккаг скъолайы ӕмбондыл. Уый тыххӕй хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Фӕндагон-транспортон цау ӕрцыд Джиоты Аланы проспект ӕмӕ Хъоцыты Къостайы уынджы алвӕндагыл 12.00 сахатыл.
"Mitsubishi Airtrek хӕдтулгӕйы шофыр нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд ӕхсӕзӕм астӕуккаг скъолайы ӕмбондыл. Аварийы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, паддзахадон атоинспектортӕ, кӕцытӕ бацыдысты цауы бынатмӕ, бӕрӕг кӕнынц ФТЦ ӕууӕлтӕ.
© Пресс-служба МВД РЮО Цхинвалы хӕдтулгӕ сӕмбӕлд горӕты скъолайы ӕмбондыл
В Цхинвале иномарка врезалась в забор городской школы  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.02.2022
Цхинвалы хӕдтулгӕ сӕмбӕлд горӕты скъолайы ӕмбондыл
Ног хабӕртты лентӕ
0