Ӕгъуызарты Милана райста приз фильм "Разжимая кулаки"-йы сылгоймаджы хуыздӕр ролы тыххӕй

© Sputnik / Анна КабисоваӔгъуызарты Милана
Ӕгъуызарты Милана  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 фев - Sputnik. Ӕгъуызарты Милана, кӕцы сӕххӕст кодта сӕйраг фӕлгонц фильм "Разжимая кулаки"-йы, райста хорзӕх хуыздӕр сылгоймаджы ролы тыххӕй ӕнхсӕнадӕмон кинофестивлы Францийы. Уый тыххӕй йӕ фарсыл социалон хыз Instagram ныффыста режиссер Александр Роднянский.
Раздӕр Киры Коваленкойы фильм "Разжимая кулаки", кӕцы систӕуыд Цӕгат Ирыстоны ирон актертимӕ, райста дыууӕ хорзӕхы фестивалы Онфлеры. Киноныв ма уымӕй дарддӕр райста Каннаг фестивалы категори "Особый взгляд"-ы сӕйраг приз.
Кинонывы æвдыст цæуынц, ныййарæджы хъусдард зæнæгмæ æмбæлон арæнтæй куы ахизы, ахæм ахастытæ.
Сæйраг хъайтартæ - трагикъон цауты фæстæ цæгатирыстойнаг шахтерты сахар Мызуры чи æрцард, уыцы бинонтæ. Сюжеты астæумагъз – фыд æмæ йе ‘ртæ сывæллоны ‘хсæн зын æмахастытæ. Лӕгӕн ис дыууӕ фырты ӕмӕ иу чызг, кӕцыты хъомыл кӕны тызмӕгӕй. Йӕ уарзондзинадӕй фыд "хурх" кӕны йӕ чызджы, йӕхицӕй йӕ никуыдӕм уадзы. Чызджы фӕнды алидзын хӕдзарӕй, фӕлӕ фыды амынӕтӕй зын фервӕзӕн у.
Ног хабӕртты лентӕ
0