Хуссар Иры Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад фӕивдзӕн ПЦР-тесттӕ исыны фӕтк

© Sputnik / Алексей Сухоруков /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады фехъусын кодтой, 7 февралӕй кӕй фӕивдзӕн ПЦР-тесттӕ исыны фӕтк. Уый тыххӕй уагдон фехъусын кодта йӕ Telegram-каналыл.
Ацы датӕйӕ тесттӕ исдзысты ӕрмӕстдӕр дохтыры уынаффӕйӕ фӕрынчынуӕвӕджы хӕдзары куы басгарой, уый фӕстӕ. Ахӕм скъуыддзаг баст у уагдоны кусджытыл стыр уаргъӕвӕрдимӕ, афтӕ ма цӕрджыты хъӕстытимӕ.
"Арӕзт ӕрцӕудзӕн 6 бригадӕйы, кӕцыйы сконды уыдзӕн дохтыр ӕмӕ медицинон хо, тесттӕ исдзысты дохтыры уынаффӕйӕ хӕдзармӕ фӕсидты рӕстӕджы багӕрсты фӕстӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Куырдиӕттӕ ист цӕудзысты ӕрвылбон хуыцаубонӕй дарддӕр, 9.00 сахатӕй 14.00 сахаты онг 45-26-07 телефонӕй. Хъусын кӕндзысты ӕрмӕстдӕр ӕвӕрццаг тесттӕ, уыдон бӕрӕг уыдзысты ӕртӕ суткӕйы дӕргъы.
Ног хабӕртты лентӕ
0