Цхинвалы дыууӕ цӕрӕджы ӕрурӕдтой хӕдтулгӕйӕ адавды тыххӕй Ленингоры

© Depositphotos.com / BrianAJacksonЦхинвалы дыууӕ цӕрӕджы ӕрурӕдтой хӕдтулгӕйӕ адавды тыххӕй Ленингоры
Цхинвалы дыууӕ цӕрӕджы ӕрурӕдтой хӕдтулгӕйӕ адавды тыххӕй Ленингоры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны милицийы кусджытӕ ӕрурӕдтой Ленингоры цӕрӕджы хӕдтулгӕйӕ аккумулятор адавыны зӕрдӕхсайгӕты, хъусын кӕны ӕртыццӕджы МХМ пресс-службӕ.
Хӕдтулгӕйы хицау куыд радзырдта барадхъахъхъӕнджытӕн, афтӕмӕй ӕбӕрӕг гоймӕгтӕ адавтой йӕ УАЗ хӕдтулгӕйӕ, кӕцы лӕууыд йӕ хӕдзары кӕрты Ленингоры.
Ленингоры районы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ цыбыр ӕмгъуыдмӕ ӕрурӕдтой зӕрдӕхсайгӕты – уыдон разындысты Цхинвалы 18 ӕмӕ 22 аздзыд цӕрджытӕ, банысан кодтой МХМ.
Уагдоны информацимӕ гӕсгӕ, уыдон басастысты сӕ фыдракӕндыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0