Бибылты Анатолий раарфӕ кодта ПӔК Арӕнгӕрон службӕйы кусджытӕн уагдоны сӕвзӕрды цытӕн

© Пресс-служба президента РЮОПӔК Арӕнгӕрон службӕ
ПӔК Арӕнгӕрон службӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) Арӕнгӕрон службӕйы кусджытӕн уагдоны сӕвзӕрдыл 17 азы сӕххӕсты цытӕн, хъусын кӕны цыппӕрӕмы паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
"Сымахыл ис стыр бӕрндзинад. Уӕ цӕсгомджын куыстимӕ баст у не ‘мбӕстӕгты ӕдасдзинад. Абоны бон арӕныл иууыл ӕндыгъддӕр уавӕр ис Знауыры районы Уисты хъӕуы. Уӕ хъӕбатырдзинад ӕмӕ патриотизмы руаджы аиуварс сты гуырдзиаг тыхон структурӕты дарддӕры провокацитӕ, хъӕуы цӕджытӕ та сабырӕй цӕрынц сӕ хӕдзӕртты", - банысан кодта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Бибылты Анатолий загъта бузныг арӕнхъахъхъӕнджытӕн сӕ службӕйон хӕслӕвӕрдтӕ цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕныны тыххӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0