Хуссар Иры Знауыры районы балхӕдтой уынгты нырыккон рухсытӕ

© Sputnik / Алексей КуденкоХуссар Иры Знауыры районы балхӕдтой уынгты нырыккон рухсытӕ
Хуссар Иры Знауыры районы балхӕдтой уынгты нырыккон рухсытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 фев - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Знауыры районы уынгты рухсыты системӕйӕн балхӕдтой 150 нырыккон диодон плафоны. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта районы администрацийы архитектурӕ, арӕзтад ӕмӕ ЦКХ дӕлхайады хистӕр Сиукъаты Гога.
"Махмӕ районы ис ӕхсӕз хъӕууон администрацийы. Мах сын рахицӕн кодтам фӕйнӕ 20 плафоны. Рухсгӕнӕн ӕрмӕджыты сӕвӕрыны куыст уагъд цӕуы этаптӕм гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ махмӕ ис ӕмбӕлон техникӕйы ӕрмӕст иу иуӕг", - банысан кодта Сиукъаты Гога.
Уый бахахх кодта, зӕгъгӕ, рухсгӕнӕн системӕ ӕвӕрыны куыст фыццаг аз нӕ цӕуы ӕмӕ бафтыдта, ууыл куыст кӕй не ‘рлӕудзӕн.
"Хъӕутӕй дарддӕр, мах сӕвӕрдзыстӕм рухсытӕ районон центры дӕр. Районы цӕрджытӕ бирӕ хатт хъаст кодтой, кӕй сын у ӕнӕмӕнг уынгты рухс, уымӕн ӕмӕ тӕрсынц хъӕддаг сырдтӕй, кӕцытӕ фӕзынынц хъӕуты", - бахахх кодта архитектор.
Сиуъкаты Гогайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, коммуналон службӕтӕ сӕвӕрдзысты рухсытӕ фыццаг кварталы дӕргъы. Дӕлхайады хистӕр банысан кодта, районы къухдариуӕгад кӕй нывӕнды сӕвӕрын рухсытӕ автомобилон трассӕйыл дӕр, кӕцы цӕуы Знауыры поселокмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0