Коронавирусон арӕнӕвӕрдтӕ нӕ парахат кӕнынц ӕвзӕрстон ӕмбырдтыл – Хуссар Иры ЦӔК

© Sputnik / Михаил ХасиевХуссар Иры ЦӔК
Хуссар Иры ЦӔК - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны коронавирусы фӕдыл цы арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ ис, уыдон нӕ парахат кӕнынц ӕвзӕрстон ӕмбырдтыл, кӕцытыл раразмӕ кӕнынц республикӕйы президентмӕ кандидатты, дзырдӕуы Централон ӕвзарӕн къамисы (ЦӔК) хъусинаджы.
Арӕнӕвӕрдтӕ бакодтой 22 январы оперативон штабы скъуыддзагӕй, ивгъуыд мӕйы кӕрон сӕ адарддӕр кодтой ноджы иу къуыри – 7 февралы онг. Арӕнӕвӕрдты нымӕцы ис тобӕ массон мадзӕлттӕ уадзыныл.

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны Централон ӕвзарӕн къамис хъусын кӕны, Оперативон штаб 31 январы цы арӕнӕвӕрдтӕ бакодта коронавирусы ныхмӕ тохы фӕдыл, уыдон нӕ парахат кӕнынц политикон партиты конференцитӕ уадзыныл, афтӕ ма ӕвзарджыты инициативон къордты ӕмбырдтыл, кӕцытыл раразмӕ кӕнынц Республикӕ Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ кандидатты", - дзырдӕуы ЦӔК хъусинаджы.

Къамис рекомендаци кӕны ӕххӕст кӕнын ахӕм фембӕлдты рӕстӕджы эпидемиологон мадзӕлттӕ.
Хуссар Ирыстоны президенты ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 10 апрелы. Ӕвзӕрстыты хайад райсыны фӕнд фехъусын кодтой 13 адӕймаджы, уыдонӕй дыууӕйы фарслӕуджытӕ ауагътой инициативон къордты ӕмбырдтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0