Цӕгат Иры апрелы ӕрӕвналдзысты курорт "Мамысон"-ы арӕзтадмӕ

© Sputnik / Евгений Филиппов /  Ахизын медиабанкмæХӕххон къахдзоныгъон курорт
Хӕххон къахдзоныгъон курорт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 фев – Sputnik. Хӕххон къахдзоныгъон курорт "Мамысон"-ы арӕзтадмӕ Цӕгат Ирыстоны ӕрӕвналдзысты ацы аз апрелы. Уый рабӕрӕг ис, республикӕйы раздзог Сергей Меняйло сӕргълӕудӕй цы рауӕрӕхгонд ӕмбырд ацыд, уым, хъусын кӕны 15-ӕм регион.
"Арӕзтад цы фарстытӕ куылымпы кодтой, уыдон скъуыддзаг ӕрцыдысты. Финанскӕнынады фӕрӕзтӕ бӕрӕг сты. Ныфс мӕ ис, Уӕрӕсейы президент нын нӕ разы цы хӕс ӕрӕвӕрдта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзыстӕм ӕмӕ 2023-2024 ӕзты сезоны курорт кӕй райсдзӕн фыццаг туристы", - банысан кодта Сергей Меняйло.
Уый ма бахахх кодта, зӕгъгӕ, потенциалон инвестортӕ ныридӕгӕн кӕй ӕвдисынц цымыдис ӕмӕ цӕттӕ кӕнынц мастер-плантӕ курорты дыккаг ӕмӕ уый фӕстӕ этапты арӕзтадӕн.
Ӕмбырды ма банысангонд ӕрцыд, 2025 азмӕ кӕй хъавынц фӕфылдӕр кӕныны курорты трассӕйы дӕргъ 41 км онг ӕмӕ ма саразын ноджы фондз канатон фӕндаджы.
Фыццаг ӕзты курорт исдзӕн 100 минӕй фылдӕр улӕфджӕджы ӕрвылаз дӕр, 2030 азӕй фӕстӕмӕ та 700 мин туристы онг афӕдзы мидӕг.
Ног хабӕртты лентӕ
0