Санкт-Петербурджы ӕрцахстой Хуссар Ирӕй рацӕугӕ нӕлгоймаджы, кӕцыйы агуырдтой 18 азы

© Depositphotos.com / BrianAJacksonфыдгӕнӕг
фыдгӕнӕг  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 фев – Sputnik. Санкт-Петербурджы ӕрцахстой Хуссар Ирыстонӕй рацӕугӕ 43-аздзыд нӕлгоймаджы, кӕцыйы агуырдтой, 2004 азы цы фыдракӕнд сӕххӕст кодта, уый тыххӕй, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Фыдгӕнӕг 2004 азы ӕндӕр гоймӕгтимӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл сӕххӕст кодта хӕцӕнгарзимӕ бабырст кафейы уазджытӕм", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Бабырсты фӕстиуӕгӕн фыдгӕнджытӕ райстой дыууӕ хӕдтулгӕйы, афтӕ ма ӕхцайы фӕрӕзты егъау суммӕ. Бирӕ рӕстӕджы дӕргъы нӕлгоймаг ӕмбӕхст Уӕрӕсейы территорийыл.
Ӕввахс рӕстӕджы уый экстрадици ӕрцӕудзӕн республикӕмӕ, цӕмӕй йӕ ӕрбаздахой уголовон бӕрндзинадмӕ йӕ фыдракӕнды тыххӕй.
Фыдгӕнӕджы ӕрцахсыны фӕдыл мадзал сӕххӕст кодтой Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты органты Иумӕйаг информацион-координацион центры кусджытӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0