Амондджын сабиты цӕсгӕмттӕ: хуссарирыстойнаг сидзӕр сывӕллӕттӕ баулӕфыдысты Цъӕйы

© Photo : Из личного архива Лери Тедеевахуссарирыстойнаг сидзӕр сывӕллӕттӕ баулӕфыдысты Цъӕйы
хуссарирыстойнаг сидзӕр сывӕллӕттӕ баулӕфыдысты Цъӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Хӕххон къахдзоныгъты ӕмӕ сноуборды федераци акота сидзӕр сывӕллӕтты Цӕгат Ирыстоны Цъӕйы коммӕ улӕфынмӕ.
"Амондджын сывӕллӕтты цӕсгӕмттӕ - мӕ куысты сӕйраг хорзӕх. Сидзӕр сывӕллӕттӕ Цъӕйы улӕфӕн курорты рӕсугъдзинад, сатӕг уӕлдӕф, сноуборд ӕмӕ къахдзоныгътыл цин кӕнынӕй не 'фсӕстысты", - ныффыста йӕ фарсыл социалон хызы Федерацийы хистӕр Тедеты Лери.
Федерацийы хистӕр ма бузныджы ныхӕстӕ загъта паддзахады разамонӕгӕн - уый фӕрцы ӕрвылаз дӕр арӕзт цӕуынц ахӕм балцытӕ.
© Photo : Из личного архива Лери Тедеевахуссарирыстойнаг сидзӕр сывӕллӕттӕ баулӕфыдысты Цъӕйы
Группа детей выехала на отдых в Цей - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.02.2022
хуссарирыстойнаг сидзӕр сывӕллӕттӕ баулӕфыдысты Цъӕйы
"Сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг базонынц бырын ӕмӕ сӕ цинӕн кӕрон нал вӕййы. Уыдон ӕвӕрццӕг ӕнкъарӕнты тыххӕй бузныг дӕн президенты фондӕй", - бафтыдта уый.
Сидзӕр сывӕллӕтты зымӕгон улӕфӕн нывӕзт кусы республикӕйы фӕстаг цалдӕр азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0