Ансамбль "Симд" ӕвӕры Хуссар Иры 8 августы хӕстӕн нывонд кафт

© Sputnik / Natalia Airiyan "Симд"
Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 фев- Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны зард ӕмӕ кафты паддзахадон ансамбль "Симд" цӕттӕ кӕны 2008 азы хӕстӕн нывонд кафт, фехъусын кодта Sputnik коллективы аивадон къухдариуӕг Коцты Сергей.
Сфӕлдыстадон къорд ныридӕгӕн кусы кафты лыстӕг хӕйттыл, фӕнд ӕй кӕнынц бацӕттӕ кӕнын ацы аз сӕ фыццаг концертмӕ.
"Рагӕй мӕ фӕндыд 2008 азы хӕсты тыххӕй сӕвӕрын кафт. Феххуыс нын ис Плиты Мураты музыкӕ, кӕцы йӕ ныффыста сӕрмагондӕй ацы кафтӕн. Уый уыдзӕн чысыл киноныв хӕсты тыххӕй. Ӕппӕт сусӕгдзинӕдтӕ нӕ райхалдзӕн, фӕлӕ дзы ӕвдыст ӕрцӕудзӕн ирон лӕппуты хъӕбатырдзинад", - загъта уый.
Коцты Сергейы ныхӕстӕм гӕсгӕ, коллектив уыцы иу рӕстӕджы кусы ӕндӕр номыртыл дӕр.
"Симд" фӕнд кӕны радтын концерт марты.
Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.02.2022
Хуссарирыстойнаг ансамбль "Симд"-ы сконд баххӕст ног кафджытӕй
Ног хабӕртты лентӕ
0