Боксер Коцты Артур: нæ нысан – Уæрæсейы ерыстæм ацæуын

Боксер Коцты Артур: нæ нысан – Уæрæсейы ерыстæм ацæуын
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны боксы скъолайы хъомылгæнинаг Коцты Артур рамбылдта фыццаг бынат Ижевскы уагъдцæуæг ерысты. Йæ тренер Коцты Вадимы ныхæстæм гæсгæ, æрыгон спортсмен рахызт, 15-16 азы кæуыл цæуы, ахæм боксгæнджыты æмрæнхъ.
"Цæмæй дын ахæм æнтыстытæ уа, уый тыххæй хъуамæ бирæ кусай. Райсомæй физзарядкæ, сихорæй фæстæмæ та бындурон тренировкæ – бокс кæнæм", - радзырдта спортсмен.
Артуры ныхæстæм гæсгæ, йæ цард дæрддæр дæр баст уыдзæн спортимæ, фæнды йæ уæлдæр къæпхæнмæ схизын.
Коцты Вадим у æвзонг ирон боксгæнæг, æхсæнадæмон классы спорты мастер, ныр та амоны æвзонг фæлтæрæн боксы сусæгдзинæдтæ.
"Зæгъæн дæр ын нæй, цавæр æнкъарæнтæ æвзарын кæны, дæ ахуыргæнинаг куы рамбулы ерысты, уый", – банысан кодта уый.
Бæстонæй алæвæрдмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры.
Ног хабӕртты лентӕ
0