Хуссар Иры скъоладзауты зонгӕ кӕнынц райгуырӕн бӕстӕ ӕмӕ йӕ хъайтартимӕ

© Sputnik / Наталья АйриянУирӕгты квартал
Уирӕгты квартал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны монон-фӕткӕвӕрдон нывӕзты фӕлгӕтты ӕххӕст цӕуы программӕ "Мӕ горӕт". Скъоладзауты зонгӕ кӕнынц Ирыстоны хъайтартӕ ӕмӕ историон цаутимӕ, фехъусын кодта Sputnik сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны педагог Бететы Виктория.
Паддзахадон нывӕзт нымад у 2020-2022 ӕзтыл, фӕлӕ пандемийы аххосӕй райдыдта ӕрмӕст ивгъуыд азы сентябры. Мадзалы ӕххӕстгӕнджытӕ сты сывӕллӕты сфӕлдыстадон галуан ӕмӕ ӕвзонг натуралистты станц.
"Нӕ коллегӕтӕ уадзын балцытӕ райгуырӕн къуымты, мах та горӕты. Столицӕйы фенддаг бынӕттӕ, историон цыртдзӕвӕнтӕ ӕмӕ хъайтарты цыртытимӕ зонгӕ кӕнӕм рӕзгӕ фӕлтӕрты. Ӕхсӕзӕмкъласонтӕ исынц уӕлӕмхас информаци сӕ райгуырӕн бӕстӕйы тыххӕй", - загъта уый.
Бӕстӕзонӕн балцыты фӕстӕ скъоладзаутӕн ацӕуынц викторинӕтӕ зонындзинӕдтӕ бафидар кӕныны нысанӕн.
Экскурситӕ цӕуынц къуыри дыууӕ хатты. Ӕдӕппӕт горӕты ис 25 объекты бӕрц. Сӕ нымӕцы хъайтарты цыртытӕ, скъолатӕ, уынгтӕ.
Ӕмткӕй хъуамӕ проект ӕххӕст фӕуа азы кӕронмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0