Транскамыл систой арӕнӕвӕрдтӕ – Хуссар Иры УУМ

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 фев – Sputnik, Козаты Диана. Транскамыл фӕндагон змӕлд цӕуы хуымӕтӕг режимы, трассӕйыл цӕуынц алы хуызы транспорт дӕр, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ).
Ӕртыццӕджы райсомӕй Транскам сӕхгӕдтой уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕн ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ тыхджын митуарды тыххӕй.
"Транскавказы автомагистраль кусы хуымӕтӕг режимы, ӕнӕ арӕнӕвӕрдтӕй", - банысан кодтой уӕлвӕткон уагдоны.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндаг кӕддӕрты ӕрцӕуы ӕхгӕд стыр митуарды аххосӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0