Цӕгат Ирыстоны полици агуры Грозныйӕ фӕндагыл фесӕфӕг сылгоймаджы

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæПолиция
Полиция - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны полици агуры бынӕттон цӕрӕджы, кӕцы фесӕфт Грозныйы аэропортӕй хӕдзармӕ цӕугӕйӕ фӕндагыл, хъусын кӕны регионы МХМ пресс-службӕ.
"Агуырд цӕуы Джеиранидис Екатерина Александры чызг, 1964 азы гуырд. 6-ӕм февралы уый ӕртахт Грозныйы аэропортмӕ Дубаййӕ, фӕстаг хатт бастдзинадмӕ рахызт 23.00 сахамӕ ӕввахс ӕмӕ фехъусын кодта, таксийыл кӕй фӕцӕуы хӕдзармӕ. Уый фӕстӕ фесӕфт ӕмӕ абоны бон дӕр бӕрӕг нӕу, цы йыл цыд, уый", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны фехъусын кодтой фесӕфӕг сылгоймаджы нысӕнттӕ: дӕргъ 170-175 сантиметры, нарст буарысконд, сау сӕрыхил уӕхсджыты онг, тар цӕстытӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0