Хуссар Иры ФХМ хистӕр раарфӕ кодта йӕ уӕрӕсейаг коллегӕйӕн профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæСергей Лавров ӕмӕ Медойты Дмитрий
Сергей Лавров ӕмӕ Медойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий арвыста арфӕйы тел Уӕрӕсейы ӕддагполитикон уагдоны министр Сергей Лавровӕн Уӕрӕсейы Федерацийы Дипломатон кусӕджы боны фӕдыл.
"Уӕрӕсейаг дипломатон скъолайы минӕвӕртты ӕнусты дӕргъы хицӕн кӕны иузӕрдыгдзинад бындурон принциптӕм ӕмӕ традицитӕм: ӕргомдзинад, ӕхсӕнадӕмон барад ӕххӕст кӕнын, ӕмбар ӕмгуыстад – уыдон сты Уӕрӕсейы бирӕвекторон ӕддагон политикӕйы фундаменталон приоритеттӕ", - дзырдӕуы арфӕйы телы.
Медойты Дмитрий бахахх кодта, Сергей Лавровы къухдариуӕгады бын уӕрӕсейаг дипломаттӕ ФХМ централон аппарат ӕмӕ фӕсарӕйнаг минӕварадты хъахъхъӕнынц бӕстӕйы националон интерестӕ ӕмӕ се ‘мбӕстӕгты бартӕ фӕсарӕнты.
Афтӕ ма ФХМ сӕргълӕууӕг загъта бузныг хуссарирыстойнаг-уӕрӕсейаг ӕмгуыстады фарстытӕм стыр хъусдарды тыххӕй.
Медойты Дмитрийы цӕст бауарзта Сергей Лавров ӕмӕ Уӕрӕсейы ФХМ кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕн фидар ӕнӕниздзинад, хӕрзӕбон ӕмӕ дарддӕры профессионалон ӕнтыстытӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0