Суыдзынӕн олимпиаг чемпион, стӕй та тренер: чысыл ленкгӕнӕг Уалыты Даяна йӕ фӕнды тыххӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanУалыты Даяна
Уалыты Даяна - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕнтыстджындӕр ленкгӕнджытӕй иу Уалыты Даяна радон хатт расгуыхт ерысты. Ныр та ӕвзонг спортсменкӕ рамбылдта ӕппӕтуӕрӕсеон ерыстӕ "Mad Wave Challenge-2022" Санкт-Петербурджы.
Даяна ӕрыздӕхт ӕртӕ майданимӕ. 200 метры дистанцийы уӕлахизӕй даррдӕр ма уый ссис дыккаг фӕстонтыл ерыс кӕныны дисциплинӕйы 100 метрмӕ ӕмӕ бронзӕ майданы хицау та 50 метры ерысты.
"Фыццаг мӕ фӕнды суӕвын олимпиаг чемпионкӕ, стӕй та кусдзынӕн тренерӕй", - загъта Sputnik чызг йӕ дарддӕры фӕндты тыххӕй.
Ерысты архайдта 800 спортсмены. Уалыты Даяна ленк кӕныны секцимӕ цӕуы фондз азы ӕмӕ йын ныридӕгӕн ис стыр ӕнтыстытӕ.
Хуссарирыстойнаг ленкгӕнджытӕ ӕнтыстджынӕй ралӕууыдысты ӕхсӕнрегионалон турниры Пензӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.06.2021
Хуссарирыстойнаг ленкгӕнджытӕ ӕнтыстджынӕй ралӕууыдысты ӕхсӕнрегионалон турниры Пензӕйы
Ног хабӕртты лентӕ
0