Уырыссаг литературӕйы гений: Цхинвалы ӕрымысыдысты Александр Пушкины

© Sputnik Цхинвалы ӕрымысыдысты Александр Пушкины
 Цхинвалы ӕрымысыдысты Александр Пушкины - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 фев - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цыппӕрӕмы ацыд мысӕн мадзал, кӕцы нывонд уыд поэт, драматург, прозаик Александр Пушкины мӕлӕты бонӕн.
Мадзал сорганизаци кодта Россотрудничествойы минӕварад республикӕйы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджыты Ассоциаци.
© Sputnik Цхинвалы ӕрымысыдысты Александр Пушкины
В Цхинвале почтили память поэта Александра Пушкина - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.02.2022
Цхинвалы ӕрымысыдысты Александр Пушкины
Цхинвалы скверы Пушкины цыртдзӕвӕны раз мысӕн мадзал байгом кодта Ассоциацийы президент Тедеты Зӕлинӕ.
"Абон мах кад кӕнӕм номдзыд уырыссаг поэт Александр Сергейы фырт Пушкинӕн йӕ амӕлӕтыл 185 азы сӕххӕст фӕдыл. Уый уыд уӕззау зиан Уӕрӕсейӕн – амард уырыссаг литературӕйы сыгъдӕг гений ӕмӕ уырыссаг ӕвзаджы рацаразӕг. Бирӕ азтӕ рацыд, фӕлӕ Пушкины дзырд нырма дӕр цӕры, уымӕн ӕмӕ дзаг у хорздзинад, уарзондзинад ӕмӕ рӕсугъддзинадӕй", - загъта Тедеты Зӕлинӕ.
Мысӕн мадзалы хайад райстой республикӕйы зонад ӕмӕ ахуырады министр Гасситы Натали, "Уырыссаг хӕдзары" разамонӕг Цхинвалы Сергей Скворцов, ахуырад ӕмӕ зонады министры хӕдивӕг Гаглойты Элиса.
Мадзалы рӕстӕджы ХИПУ уырыссаг филологийы студенттӕ бакастысты Пушкины цыртдзӕвӕны раз йӕ ӕмдзӕвгӕтӕ. Мадзалы кӕрон ӕрӕмбырдуӕвджытӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ мемориалмӕ.
© Sputnik Цхинвалы ӕрымысыдысты Александр Пушкины
В Цхинвале почтили память поэта Александра Пушкина - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.02.2022
Цхинвалы ӕрымысыдысты Александр Пушкины
Ног хабӕртты лентӕ
0