https://sputnik-ossetia.com/20220211/bibylty-anatoliy-raarfa-kodta-khussar-iry-tarkhongandzhytan-sa-baragbony-fadyl-15486655.html
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Хуссар Иры тӕрхонгӕнджытӕн сӕ бӕрӕгбоны фӕдыл
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Хуссар Иры тӕрхонгӕнджытӕн сӕ бӕрӕгбоны фӕдыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 11 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта республикӕйы тӕрхондонон системӕйы кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕн сӕ профессионалон... 11.02.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-02-11T14:17+0300
2022-02-11T14:17+0300
2022-02-11T14:17+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/07/16/10901758_0:0:1920:1080_1920x0_80_0_0_be6949d50506320e53c65500e44d8b09.jpg
ЦХИНВАЛ, 11 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта республикӕйы тӕрхондонон системӕйы кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны фӕдыл, хъусын кӕны майрӕмбоны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.Йӕ арфӕйы Бибылты Анатолий зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, тӕрхондон кӕй у барадон бӕстӕйы сӕйрагдӕр хӕйттӕй иу, кӕцы хъуамӕ фидарӕй хъахъхъӕна адӕймаджы бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинад.Президент банысан кодта, тӕрхондонон системӕйы кусджытӕ кӕй хъуамӕ уой цӕсгомджын, принципиалон, ӕууӕнкджын ӕмӕ хъахъхъӕной закон.Бибылты Анатолий ма бафтыдта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны тӕрхондонон ситсемӕйы авторитет сфидар кӕнын бирӕбӕрцӕу баст кӕй у уагдоны минӕвӕртты аудгӕ ӕмӕ цӕсгомджын ахастыл сӕ куыстмӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/07/16/10901758_273:0:1713:1080_1920x0_80_0_0_0744908e3b20ccee6850bb8641411919.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Хуссар Иры тӕрхонгӕнджытӕн сӕ бӕрӕгбоны фӕдыл
ЦХИНВАЛ, 11 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта республикӕйы тӕрхондонон системӕйы кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны фӕдыл, хъусын кӕны майрӕмбоны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Йӕ арфӕйы Бибылты Анатолий зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, тӕрхондон кӕй у барадон бӕстӕйы сӕйрагдӕр хӕйттӕй иу, кӕцы хъуамӕ фидарӕй хъахъхъӕна адӕймаджы бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинад.
"Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй тӕрхондон уа сӕрибар кӕрӕф интерестӕ, политикон симпатитӕ ӕмӕ идеологон хъулондзинӕдтӕй", - бахахх кодта уый.
Президент банысан кодта, тӕрхондонон системӕйы кусджытӕ кӕй хъуамӕ уой цӕсгомджын, принципиалон, ӕууӕнкджын ӕмӕ хъахъхъӕной закон.
Бибылты Анатолий ма бафтыдта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны тӕрхондонон ситсемӕйы авторитет сфидар кӕнын бирӕбӕрцӕу баст кӕй у уагдоны минӕвӕртты аудгӕ ӕмӕ цӕсгомджын ахастыл сӕ куыстмӕ.