https://sputnik-ossetia.com/20220211/khussar-iry-biznesy-rayraztan-tsyppar-azma-rakhitsan-kodtoy-120-miluan-somy-barts-15483139.html
Хуссар Иры бизнесы райрӕзтӕн цыппар азмӕ рахицӕн кодтой 120 милуан сомы бӕрц
Хуссар Иры бизнесы райрӕзтӕн цыппар азмӕ рахицӕн кодтой 120 милуан сомы бӕрц
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 11 фев - Sputnik. Чысыл ӕмӕ астӕуккаг бизнесӕн уӕлбар кредиткӕнынады Фонды ӕххуысӕй цыппар азмӕ спайда кодтой амалиуӕгады 224 субъекты. Сӕ хъуыддӕгты... 11.02.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-02-11T13:31+0300
2022-02-11T13:31+0300
2022-02-11T16:39+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/48/71/487199_0:465:2815:2048_1920x0_80_0_0_05943477d66f06cd755c90bd9d772bd7.jpg
ЦХИНВАЛ, 11 фев - Sputnik. Чысыл ӕмӕ астӕуккаг бизнесӕн уӕлбар кредиткӕнынады Фонды ӕххуысӕй цыппар азмӕ спайда кодтой амалиуӕгады 224 субъекты. Сӕ хъуыддӕгты райрӕзтӕн уыдонӕн ӕдӕппӕт рахицӕн кодтой 124,5 милуан сомы. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны хицауады пресс-службӕ.Фонды ӕххӕстгӕнӕг директор Бибылты Нонна куыд банысан кодта, афтӕмӕй Фонд у амалиуӕгады субъекттӕн финансон-кредитон ӕххуысы структурон механизмтӕй иу, кӕцы ис паддзахадон программӕйы "Республикӕ Хуссар Ирыстоны чысыл ӕмӕ астӕуккаг бизнесӕн ӕххуыс".Фонд саразыны хъӕппӕрис раразмӕ кодта закондӕттӕг органы ӕркастмӕ президент Бибылты Анатолий парламенты спикер куы уыд, уӕд.Бибылты Ноннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, амалиуӕггӕнджытӕн ӕххуысӕн рахицӕн кӕнынц паддзахадон бюджеты ӕфтиӕгты хайы 2 проценты. Уӕлбарон кредиттӕ дӕттынц ӕртӕ азмӕ конкурсон бындурыл республикӕйы райрӕзты приоритетон къабӕзты.2021 азы уӕлбар кредиткӕнынадӕн рахицӕн кодтой 49 904,22 мин сомы.Фонд цы бизнес-проекттӕ банымадта хорзыл, уыдонӕй финанстӕ рахицӕн кодтой 67 проектӕн, сӕ нымӕцы хъӕууон хӕдзарады фадыджы – 45 проекты, лӕггӕдты фадыджы – 134, рауагъдадады къабазы – 8 ӕмӕ базарады къабазы та 1.Ацы аз амалиуӕгады райрӕзтӕн нывӕндынц рахицӕн кӕнын 56 милуан сомы бӕрц.Уӕлбар кредиткӕнынадӕн куырдиӕттӕ исыны ӕмгъуыд адарддӕр кодтой 2022 азы 15 февралы онг.
https://sputnik-ossetia.com/20220209/khussar-iry-ekonomrayrzty-ministrad-adarddr-kodta-kuyrditty-ist-ulbaron-kreditn-15458852.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/48/71/487199_0:0:2731:2048_1920x0_80_0_0_cb4b20ef06c1e64c75e6da8e4ee01338.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры бизнесы райрӕзтӕн цыппар азмӕ рахицӕн кодтой 120 милуан сомы бӕрц
13:31 11.02.2022 (Ранӕуӕггонд: 16:39 11.02.2022) ЦХИНВАЛ, 11 фев - Sputnik. Чысыл ӕмӕ астӕуккаг бизнесӕн уӕлбар кредиткӕнынады Фонды ӕххуысӕй цыппар азмӕ спайда кодтой амалиуӕгады 224 субъекты. Сӕ хъуыддӕгты райрӕзтӕн уыдонӕн ӕдӕппӕт рахицӕн кодтой 124,5 милуан сомы. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны хицауады пресс-службӕ.
Фонды ӕххӕстгӕнӕг директор Бибылты Нонна куыд банысан кодта, афтӕмӕй Фонд у амалиуӕгады субъекттӕн финансон-кредитон ӕххуысы структурон механизмтӕй иу, кӕцы ис паддзахадон программӕйы "Республикӕ Хуссар Ирыстоны чысыл ӕмӕ астӕуккаг бизнесӕн ӕххуыс".
Фонд саразыны хъӕппӕрис раразмӕ кодта закондӕттӕг органы ӕркастмӕ президент Бибылты Анатолий парламенты спикер куы уыд, уӕд.
Бибылты Ноннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, амалиуӕггӕнджытӕн ӕххуысӕн рахицӕн кӕнынц паддзахадон бюджеты ӕфтиӕгты хайы 2 проценты. Уӕлбарон кредиттӕ дӕттынц ӕртӕ азмӕ конкурсон бындурыл республикӕйы райрӕзты приоритетон къабӕзты.
2021 азы уӕлбар кредиткӕнынадӕн рахицӕн кодтой 49 904,22 мин сомы.
Фонд цы бизнес-проекттӕ банымадта хорзыл, уыдонӕй финанстӕ рахицӕн кодтой 67 проектӕн, сӕ нымӕцы хъӕууон хӕдзарады фадыджы – 45 проекты, лӕггӕдты фадыджы – 134, рауагъдадады къабазы – 8 ӕмӕ базарады къабазы та 1.
Ацы аз амалиуӕгады райрӕзтӕн нывӕндынц рахицӕн кӕнын 56 милуан сомы бӕрц.
Уӕлбар кредиткӕнынадӕн куырдиӕттӕ исыны ӕмгъуыд адарддӕр кодтой 2022 азы 15 февралы онг.