Хуссар Иры Дменисы хъӕуы среставраци кодтой Чырыстийы аргъуан

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры Дменисы хъӕуы среставраци кодтой Чырыстийы аргъуан
Хуссар Иры Дменисы хъӕуы среставраци кодтой Чырыстийы аргъуан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 фев - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны Дменисы хъӕуы сцалцӕг кодтой Чырыстийы аргъуан. Реставрацийы инициатортӕ уыдысты хъӕуӕй рацӕугӕтӕ Уалыты Владислав ӕмӕ Вендик.
© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры Дменисы хъӕуы среставраци кодтой Чырыстийы аргъуан
Храм Христа Жизнодавца в селе Дменис - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.02.2022
Хуссар Иры Дменисы хъӕуы среставраци кодтой Чырыстийы аргъуан
Уалыты Владислав куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй аргъуаны къултыл фӕзындысты фрескӕтӕ, уымӕй дарддӕр ма раивтой уӕлхӕдзар ӕмӕ сарӕзтой мӕнгагъуыст.
"Мах раивтам уӕлхӕдзар ӕмӕ сарӕзтам аргъуаны территорийыл мӕнгагъуыст. Ныв кӕныныл архайдтой ӕрхонгӕ мастертӕ Ивановайӕ, кӕцытӕ уый размӕ куыстой Цхинвалы аргъуаны. Куыстытӕ иууылдӕр бакодтой иу мӕймӕ", - банысан кодта уый.
Уалыты Владиславы ныхӕстӕм гӕсгӕ, къултыл ис уырыссаг ӕмӕ ирон сыгъдӕг рӕстдинонты хуызисттӕ.
© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры Дменисы хъӕуы среставраци кодтой Чырыстийы аргъуан
Храм Христа Жизнодавца в селе Дменис - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.02.2022
Хуссар Иры Дменисы хъӕуы среставраци кодтой Чырыстийы аргъуан
Ног хабӕртты лентӕ
0