Бибылты Анатолий: МСНК хъахъхъӕнынц Хуссар Иры стабилондзинад

© Пресс-служба президента РЮОМСНК
МСНК - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды кусджытӕн сӕ сӕвзӕрды 30-ӕм афӕдзы боны цытӕн.
"МСНК арӕзт цыд республикӕйы территорийыл фыдгӕнджытӕ куыс бирӕ сты ӕмӕ йӕ арӕнтыл та хӕстон архӕйдтытӕ куы цыдысты, уӕд", - хъусын кӕны Бибылты Анатолийы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.
Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой МСНК службӕйон ерысты уӕлахиздзауты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2021
Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой МСНК службӕйон ерысты уӕлахиздзауты
Президент бахахх кодта, профессионализм, хъомыс ӕмӕ хъайтардзинады руаджы къорды кусджытӕ хъахъхъӕнынц Хуссар Ирыстоны стабилондзинад ӕмӕ адӕмы ӕдасдзинад.
"Ацы азты дӕргъы МСНК хъахъхъӕны Республикӕ Хуссар Ирыстоны барадон фӕтк, цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕны хӕстон ӕмӕ оперативон-службӕйон хӕслӕвӕрдтӕ", - загъта паддзыхады сӕргълӕууӕг.
Бибылты Анатолий бафтыдта, зӕгъгӕ, хъӕбатырдзинад ӕмӕ хъайтардзинад, кӕцытӕ къорды кусджытӕ равдыстой гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы, ӕнустӕм баззайдзысты Хуссар Ирыстоны хъуыдыйы.
"Хӕст ахаста къорды бирӕ кусджыты цӕрдтӕ. Ӕнусон кад хъайтартӕн, кӕцытӕ бахъахъхъӕдтой Республикӕ Хуссар Ирыстоны сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинад!", - загъта президент.
Бибылты Анатолий загъта бузныг МСНК кусджытӕн службӕ ӕмӕ Фыдыбӕстӕйӕн иузӕрдыгдзинады тыххӕй, афтӕ ма сын йӕ цӕст бауарзта фидар ӕнӕниздзинад, ӕнтыстытӕ профессионалон архайды ӕмӕ хӕрзӕбон.
Ног хабӕртты лентӕ
0