Фынæй дæр нæ уыдтам: Цыбырты Алексейы мысинæгтæ МСНК куысты рæстæджы тыххæй

Цыбырты Алексей: цалынмæ æхсын нæ райдыдтой, уæдмæ нæ фынæй кодтам
Рафыссын
Æртхъирæны мæйы 14-æм боны Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц милицийи сæрмагонд нысаниуæджы къорды официалон бахызт РХИ-йы Мидхъуыддæгты структурæмæ. Йæ фыццаг кусджытæй иу – Цыбырты Алексей - радзырдта, куыд равзæрдис къорд æмæ цавæр хæстæ уыд йæ разы, уый тыххæй.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, гуырдзиаг-ирон конфликты рæстæджы арæзт къорд стыр зындзинæдтæ ахаста, архайдта куыд æддагон знагимæ, афтæ ма мидæггагон фыдгæнджыты ныхмæ дæр. Кусджыты нымæц фылдæрæй-фылдæр кодта. Уырдæм цыдысты куыд милицийы кусджытæ, афтæ ахуыргæнджытæ, дохтыртæ, студенттæ æмæ ахуырдзаутæ.
"Зымæг уыд. Лæг хъуыды кодта, кæцы къордмæ баиу уа, куыд райдайа исын хайад ацы хабæртты. Цалдæр лæппуйæ аскъуыдздзаг кодтам, цæмæй ОМОН-мæ ссæуæм", – радзырдта Алексей.
"Фыццаг кæй федтон, уый уыд Гæззаты Вадим. Бахызтæн мидæмæ æмæ уым бадтысты æртындæсæй иумæ", – æрымысыди Цыбырты Алексей.
Цыбырты Алексейы хъуыдымæ гæсгæ, ацы службæ арæзт æрцыд республикæйы уæззау рæстæджыты. Уæдæй фæстæмæ службæгæнджытæ цæсгомджынæй æххæст кæнынц сæ хæстæ.
Бæстонæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik-ы эфиры.
Ног хабӕртты лентӕ
0