Графиняйы номарӕн: театры мысынц номдзыд актрисӕ Галуанты Людайы

© Sputnik / Natalia Airiyan Людмила Галаванова
Людмила Галаванова - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 фев— Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Адæмон артисткæ Галуанты Людмилайыл къуырисӕры, уарзӕтты бон сӕххӕст уыдаид 85 азы. Театры номдзыд артисткӕйы райгуырӕн бонмӕ йӕ коллектив сфӕнд кодта сног кӕнын репертуары хуыздӕр спектакльтӕй иу "Ныййарӕджы кадӕг".
Ацы спектакльты ӕвзонг чызгӕй, астӕуккаг ӕмӕ хистӕр кары хицӕн режиссёртимӕ Галуанты Люда сӕххӕст кодта сӕйраг фӕлгонц.

"Мах аскъуыддзаг кодтам, цӕмӕй йӕ райгуырды 85 азы юбилеймӕ сног кӕнӕм Галуанты Люда ӕртӕ хицӕн рӕстӕг цы фӕлгонцы цӕхӕр калдта нӕ сценӕйыл, уыцы спектакль. "Ныййарӕджы кадӕджы" сӕйраг роль сӕххӕст кӕндзӕн Гӕджиты Инна", - загъта театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.

Хуссар Ирыстоны Адӕмон артисткӕ, поэтессӕ, политикон ӕмӕ Ӕхсӕнадон архайӕг ахицӕн йӕ цардӕй ивгъуыд аз.
Йӕ коллектив фӕнд кодтой йӕ номыл йӕ райгуырӕн бонмӕ равдисын спектакль, фӕлӕ пандемийы аххосӕй тобӕтӕ ныффӕстиад кодтой равдыст.
Галуанты Людайы мысгӕйӕ. Адӕмон поэт, Иры иумӕйаг актрисӕ, ирон сылгоймаджы дӕнцӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.02.2022
Галуанты Людайы мысгӕйӕ. Адӕмон поэт, Иры иумӕйаг актрисӕ, ирон сылгоймаджы дӕнцӕг
"Ацыд, фӕлӕ ӕнустӕм ныууагъта йӕ фарн ӕмӕ кад. Кӕд ныффӕстиат стӕм объективон аххосӕгтӕм гӕсгӕ, уӕддӕр ӕнӕмӕнг бацӕттӕ кӕндзыстӕм спектакль. Абон дӕр, йӕ райгуырӕн бон рохуаты нӕ баззад коллективӕй", - бахахх кодта уый.
Номдзыд актриса йӕ цардӕй ахицӕн 2021 азы кӕрон рынчыны фӕстӕ. Фӕстаг ӕзты уый нал хъазыд театры сценӕйыл. Галуанты Людайы дӕсгай фӕлгонцтӕ ссисты дӕнцӕг театры ног фӕлтӕртӕн. Сценӕйӕ дарддӕр ма уый фӕзминаг уыд куыд поэтессӕ дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0