https://sputnik-ossetia.com/20220214/khetagkaty-oksana-galuanty-lyudmila-uyd-atsag-adamon-poet--15477289.html
Хетӕгкаты Оксана: Галуанты Людмила уыд ӕцӕг адӕмон поэт
Хетӕгкаты Оксана: Галуанты Людмила уыд ӕцӕг адӕмон поэт
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ацы аз 14 февралы Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Адӕмон артист, поэтессӕ, ӕхсӕнадон архайӕг Галуанты Людмилайыл сӕххӕст уыдаит 85 азы. Цӕгат Ирыстон-Аланийы... 14.02.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-02-14T12:40+0300
2022-02-14T12:40+0300
2022-02-14T12:40+0300
радио иронау
хуссар ирыстоны
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/0a/15477234_0:0:3072:1728_1920x0_80_0_0_f019f0e031200a7528c18bafc86792eb.jpg
Хетӕгкаты Оксана: Галуанты Людмила уыд ӕцӕг адӕмон поэт
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хетӕгкаты Оксана: Галуанты Людмила уыд ӕцӕг адӕмон поэт
Ацы аз 14 февралы Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Адӕмон артист, поэтессӕ, ӕхсӕнадон архайӕг Галуанты Людмилайыл сӕххӕст уыдаит 85 азы. Цӕгат Ирыстон-Аланийы литературон журнал "Мах дуг"-ы сӕйраг редактор Хетӕгкаты Оксана стыр аргъ кӕны Людмилайы сфӕлдыстадӕн."Йӕ иу ӕмдзӕвгӕ дӕр ын куы райсӕм - "Мӕ Ирыстон" - уӕддӕр бӕрӕг у, йӕ райгуырӕн бӕстӕ куыд уарзта, уый. Уыцы зарӕг ссис ирон адӕмы гимн ӕмӕ афтӕ баззайдзӕнис. Людмила уыд ӕцӕг адӕмон поэт, уымӕн ӕмӕ йе 'мдзӕвгӕтӕ ӕрцардысты адӕмы зӕрдӕты", - банысан кодта Оксана.Редакторы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Людмилайӕн фӕстаг рӕстӕджы йе ‘нӕниздзинад фӕцудыдта, фӕлӕ йӕм уый бӕрц хъару уыд, ӕмӕ йыл низ дӕр нӕ тых кодта."Людмила у лирик дӕр, тохгӕнӕг дӕр, сӕрибардзинадмӕ сидӕг дӕр, уарзондзинад кӕй мидӕг хӕлбурцъ кӕны, ахӕм дӕр", - банысан кодта редактор.Хетӕгкаты Оксана ма загъта, поэтессӕ йын кӕй уыд дӕнцӕг цардуарзыны хъуыддаджы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/0a/15477234_341:0:3072:2048_1920x0_80_0_0_2c6a3d79c3cf6e145f975029ebf7e58b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , хуссар ирыстоны, аудио
радио иронау , хуссар ирыстоны, аудио
Ацы аз 14 февралы Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Адӕмон артист, поэтессӕ, ӕхсӕнадон архайӕг Галуанты Людмилайыл сӕххӕст уыдаит 85 азы. Цӕгат Ирыстон-Аланийы литературон журнал "Мах дуг"-ы сӕйраг редактор Хетӕгкаты Оксана стыр аргъ кӕны Людмилайы сфӕлдыстадӕн.
"Йӕ иу ӕмдзӕвгӕ дӕр ын куы райсӕм - "Мӕ Ирыстон" - уӕддӕр бӕрӕг у, йӕ райгуырӕн бӕстӕ куыд уарзта, уый. Уыцы зарӕг ссис ирон адӕмы гимн ӕмӕ афтӕ баззайдзӕнис. Людмила уыд ӕцӕг адӕмон поэт, уымӕн ӕмӕ йе 'мдзӕвгӕтӕ ӕрцардысты адӕмы зӕрдӕты", - банысан кодта Оксана.
Редакторы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Людмилайӕн фӕстаг рӕстӕджы йе ‘нӕниздзинад фӕцудыдта, фӕлӕ йӕм уый бӕрц хъару уыд, ӕмӕ йыл низ дӕр нӕ тых кодта.
"Людмила у лирик дӕр, тохгӕнӕг дӕр, сӕрибардзинадмӕ сидӕг дӕр, уарзондзинад кӕй мидӕг хӕлбурцъ кӕны, ахӕм дӕр", - банысан кодта редактор.
Хетӕгкаты Оксана ма загъта, поэтессӕ йын кӕй уыд дӕнцӕг цардуарзыны хъуыддаджы.