https://sputnik-ossetia.com/20220215/guytsmazty-murat-abon-mysam-na-khaston-ambaltty-15531442.html
Гуыцмӕзты Мурат: абон мысӕм нӕ хӕстон ӕмбӕлтты
Гуыцмӕзты Мурат: абон мысӕм нӕ хӕстон ӕмбӕлтты
Sputnik Хуссар Ирыстон
Афганистаны хӕсты ветеранты Цӕдисы сӕргълӕууӕг Гуыцмӕзты Мурат радио SputnikХуссар Ирыстоны радзырдта, 15 февраль куыд нысан кӕнынц ӕрвылаз дӕр, уый тӕххӕй. 15.02.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-02-15T15:55+0300
2022-02-15T15:55+0300
2022-02-15T15:55+0300
радио иронау
хуссар ирыстоны
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/0f/15531412_0:0:3001:1688_1920x0_80_0_0_2d54b14dac3fc6eb7a97e5e391b5097f.jpg
Гуыцмӕзты Мурат: ацы бон мысӕм нӕ хӕстон ӕмбӕлтты
Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуыцмӕзты Мурат: ацы бон мысӕм нӕ хӕстон ӕмбӕлтты
Афганистаны хӕсты ветеранты Цӕдисы сӕргълӕууӕг Гуыцмӕзты Мурат радио SputnikХуссар Ирыстоны радзырдта, 15 февраль куыд нысан кӕнынц ӕрвылаз дӕр, уый тӕххӕй."Ацы бон ӕрымысӕм нӕ хӕстон ӕфсымӕрты, кӕцытӕ нал ӕрыздӕхтысты Афганистанӕй. Афтӕ ма йӕ банысан кӕнӕм куыд бӕрӕгбон дӕр - ахӕм стыр хӕст кӕй фӕцис, уый тыххӕй", - загъта Мурат.Гуыцмӕзты Мурат куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ дӕс азы мидӕг хӕсты хайад райстой 600 минӕй фылдӕр советон ӕфсӕддоны ӕмӕ дзы фӕстӕмӕ нал ӕрыздӕхт 15 мины бӕрц, уыдон ‘хсӕн сты не ‘мзӕххонтӕ дӕр."Уыдон сты авд лӕппуйы. Авдӕй сӕ уымӕн нымайӕм ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕфсӕддон комиссариатӕй кӕмӕ ӕрсидтысты, уыдонӕй фӕмард сты хӕсты авд. Фӕлӕ ма куы райсӕм, ӕндӕр горӕттӕй кӕй акодтой, стӕй Уӕрӕсейы чи ахуыр кодта ӕмӕ уырдыгӕй чи ацыд, уӕд сӕ нымӕц фылдӕр у", - бафиппайдта Мурат.Гуыцмӕзты Мурат ма уӕлдай банысан кодта, Афганистаны хӕстӕй цы ӕфсӕдтонтӕ ӕрцыдысты, уыдон 1990-ӕм ӕзты нӕхи Фыдыбӕстон хӕсты дӕр сӕ фӕлтӕрддзинад кӕй равдыстой.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/0f/15531412_122:0:2789:2000_1920x0_80_0_0_bed94578e7bf6e06c65cc046b32e29e3.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , хуссар ирыстоны, аудио
радио иронау , хуссар ирыстоны, аудио
Афганистаны хӕсты ветеранты Цӕдисы сӕргълӕууӕг Гуыцмӕзты Мурат радио SputnikХуссар Ирыстоны радзырдта, 15 февраль куыд нысан кӕнынц ӕрвылаз дӕр, уый тӕххӕй.
"Ацы бон ӕрымысӕм нӕ хӕстон ӕфсымӕрты, кӕцытӕ нал ӕрыздӕхтысты Афганистанӕй. Афтӕ ма йӕ банысан кӕнӕм куыд бӕрӕгбон дӕр - ахӕм стыр хӕст кӕй фӕцис, уый тыххӕй", - загъта Мурат.
Гуыцмӕзты Мурат куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ дӕс азы мидӕг хӕсты хайад райстой 600 минӕй фылдӕр советон ӕфсӕддоны ӕмӕ дзы фӕстӕмӕ нал ӕрыздӕхт 15 мины бӕрц, уыдон ‘хсӕн сты не ‘мзӕххонтӕ дӕр.
"Уыдон сты авд лӕппуйы. Авдӕй сӕ уымӕн нымайӕм ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕфсӕддон комиссариатӕй кӕмӕ ӕрсидтысты, уыдонӕй фӕмард сты хӕсты авд. Фӕлӕ ма куы райсӕм, ӕндӕр горӕттӕй кӕй акодтой, стӕй Уӕрӕсейы чи ахуыр кодта ӕмӕ уырдыгӕй чи ацыд, уӕд сӕ нымӕц фылдӕр у", - бафиппайдта Мурат.
Гуыцмӕзты Мурат ма уӕлдай банысан кодта, Афганистаны хӕстӕй цы ӕфсӕдтонтӕ ӕрцыдысты, уыдон 1990-ӕм ӕзты нӕхи Фыдыбӕстон хӕсты дӕр сӕ фӕлтӕрддзинад кӕй равдыстой.