Хуссар Иры расидтысты хӕрзаудӕн акци чысыл лӕппуйӕн хос кӕнынӕн

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы расидтысты иумӕйаг хӕрзаудӕн акци чысыл лӕппу Гӕбӕраты Сосланӕн схос кӕнынӕн баххуысы охыл, фехъусын кодта Sputnik ӕхсӕнадон организаци "Зеленая Алания"-йы сӕрдар Габайты Зӕлинӕ.
Хорз хъуыддаджы тыххӕй сӕ тыхтӕ баиу кодтой блогер Гуыбеты Зӕринӕ, Радио "Ир", Ӕхсӕнадон организаци "Зеленая Алания" ӕмӕ быроны рацарӕзты организаци "Чистый мир". Ацы адӕмы тыхтӕ здӕхт сты столицӕйы быронӕй расыгъдӕг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕйраг та рынчын сывӕллонӕн хос кӕнынӕн фӕрӕзтӕ ӕрӕмбырд кӕнынмӕ.
Чысыл лӕппуйӕн йӕ зӕрдӕйыл хъӕуы операци.
"Иууыл иумӕ архайӕм. Политикон нысанӕн нӕ иу кӕнӕм - ацы адӕмы баиу кодта хорз фӕрнджын хъуыддаг. Ӕмбарӕм ӕй, ацы акцийӕ ӕппӕт фӕрӕзтӕ лӕппуйӕн хос кӕнынӕн не 'рымбыд уыдзысты ӕмӕ Цхинвал дӕр быронӕй нӕ расӕрибар уыдзӕн. Фӕлӕ Гуыбаты Зӕринӕ хорз хъуыды размӕ кодта", - загъта Габайты Зӕлинӕ.
Акци ацӕудзӕн сабаты, 19 февралы 11 сахатыл. Адӕм ӕмбырд кӕндзысты ПТРК "Ир"-ы раз. Акцийы архайджытӕ фӕнд кӕнынц бафснайын горӕты сӕрмӕ тырысайы алыварс фӕзуат. Быроны организаци "Чистый мир" цы фӕрӕзтӕ радта, уыдон лӕвӕрд ӕрцӕудзысты Гӕбӕраты Сосланӕн, стӕй ма акци уадзыны бынаты ӕвӕрд уыдзӕн асыкк дӕр фӕрӕзтӕ ӕмбырд кӕнынӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0