https://sputnik-ossetia.com/20220215/tsakham-u-ama-tsy-ankhary-zgubiry-zymagon-ulafandon-kurort-15524739.html
Цахӕм у ӕмӕ цы ӕнхъары Згъубиры зымӕгон улӕфӕндон курорт
Цахӕм у ӕмӕ цы ӕнхъары Згъубиры зымӕгон улӕфӕндон курорт
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 15 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны иунӕг дзоныгътыл бырӕн трассӕмӕ ис хӕрзвадат фӕндаг, бынаты та ӕппӕт уавӕртӕ дӕр ис улӕфынӕн. 15.02.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-02-15T11:04+0300
2022-02-15T11:04+0300
2022-02-15T11:04+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/799/16/7991633_0:0:2304:1296_1920x0_80_0_0_8d76cef70611fce84cdcd7665f2a1f9c.jpg
ЦХИНВАЛ, 15 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны иунӕг дзоныгътыл бырӕн трассӕмӕ ис хӕрзвадат фӕндаг, бынаты та ӕппӕт уавӕртӕ дӕр ис улӕфынӕн.Ивгъуыд улӕфт бонты трассӕйы бардарӕг фехъусын кодта, трассӕ кӕй скуыста. Урстуалты ком бабӕрӕг кодтой фыццаг улӕфджытӕ.Трассӕйы дӕргъ у 350 метры, кусы уӕлӕмӕ ласӕн ифтонгад, уымӕн та йӕ дӕргъ 170 метры."Ис дзы тюбингты прокат. Иу сахат лӕууы 350 сомы ӕд подъемникы хӕрдзтимӕ. Тассӕйыл ис рухсытӕ, кусӕм изӕры фараст сахаты онг", - бафтыдта уый.Амалиуӕггӕнӕджы фӕнды ис иннӕ азмӕ ацы бынаты саразын ноджы уӕрӕхдӕр фадӕттӕ."Фидӕн аз ам сараздзӕн къахдзоныгъон трассӕ 600 метры дӕргъӕн, уый фӕрцы тюбингты трассӕ дӕр фӕдаргъдӕр уыдзӕн ноджы 150 метры", - бафтыдта Босыкты Владимир.Улӕфӕн зонӕйы ис цатыр, цы ран кусы кафе. Ӕмрӕстӕджы ам сӕ бон у баулӕфын 300 адӕймагӕн.
https://sputnik-ossetia.com/20220209/stsatta-is-khussar-iry-bakandzysty-nog-byran-trassa-15453251.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/799/16/7991633_220:0:2268:1536_1920x0_80_0_0_d33ab4c48dc944053eaddd672f671fb3.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Цахӕм у ӕмӕ цы ӕнхъары Згъубиры зымӕгон улӕфӕндон курорт
ЦХИНВАЛ, 15 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны иунӕг дзоныгътыл бырӕн трассӕмӕ ис хӕрзвадат фӕндаг, бынаты та ӕппӕт уавӕртӕ дӕр ис улӕфынӕн.
Ивгъуыд улӕфт бонты трассӕйы бардарӕг фехъусын кодта, трассӕ кӕй скуыста. Урстуалты ком бабӕрӕг кодтой фыццаг улӕфджытӕ.
"Рукъӕй у дыууӕ километры мидӕгдӕр. Кӕцыфӕнды хӕдтулгӕ дӕр дзы цӕуы. Фӕндагмӕ хорз кӕсӕм - нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ районы разамынад", - загъта йӕ хицау, амалиуӕггӕнӕг Босыкты Владимир.
Трассӕйы дӕргъ у 350 метры, кусы уӕлӕмӕ ласӕн ифтонгад, уымӕн та йӕ дӕргъ 170 метры.
"Ис дзы тюбингты прокат. Иу сахат лӕууы 350 сомы ӕд подъемникы хӕрдзтимӕ. Тассӕйыл ис рухсытӕ, кусӕм изӕры фараст сахаты онг", - бафтыдта уый.
Амалиуӕггӕнӕджы фӕнды ис иннӕ азмӕ ацы бынаты саразын ноджы уӕрӕхдӕр фадӕттӕ.
"Фидӕн аз ам сараздзӕн къахдзоныгъон трассӕ 600 метры дӕргъӕн, уый фӕрцы тюбингты трассӕ дӕр фӕдаргъдӕр уыдзӕн ноджы 150 метры", - бафтыдта Босыкты Владимир.
Улӕфӕн зонӕйы ис цатыр, цы ран кусы кафе. Ӕмрӕстӕджы ам сӕ бон у баулӕфын 300 адӕймагӕн.