Уадз ӕмӕ уылӕнтӕй зӕла ирон ныхас

Рафыссын
Уадз ӕмӕ уылӕнтӕй зӕла ирон ныхас: ирон ӕвзаджы специалисттӕ сӕ арфӕйы ныхӕстимӕ. Радио "Sputnik Хуссар Ирыстон"-ы эфиры райдайдзысты цӕуын ирон ӕвзагыл алӕвӕрдтӕ. Ирыстоны политикон цаутæ, культурон процестæ, алыгъуызон цымыдисон хабӕрттӕм хъусдзысты æрмæст Ирыстоны къуымты нæ, фæлæ Уæрæсейы, стæй ма фæсарæнты дæр.
Интервью: Тыбылты Инга - Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы декан, филологон зонадты кандидат,
Алла Бязырты - Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты уырыссаг ама фасарайнаг филологийы декан, филологон зонадты кандидат
15 февралы мысынц Афганистаны сӕ интернационалон хӕс чи сӕххӕст кодта уыцы ӕфсӕдтонты: 33 азы размӕ Советон ӕфсад рацыдысты Афганистаны зӕххӕй. 1989 азы фӕстаг колоннӕ советон ӕфсӕдтонтимӕ рацыдысты Афганистаны территорийӕ. Инӕлар-лейтенант Борис Громов ӕрхыст бронетранспортерӕй ӕмӕ къахӕй рахызт хид, уымӕн уыд символикон нысаниуӕг – ома фӕстаг советон ӕфсӕдтон рацыд Афганистанӕй.
Интервью: Афганистаны ветеранты Цæдисы сæргълæууæг Гуыцмæзты Мурат
Згъубиры байгом ног бырӕн трассӕ. Хуссары Ирыстоны Дзауы районы Урс-Туалты коммӕ бахизӕны сцӕттӕ ис зымӕгон дзоныгътыл бырӕн трассӕ. Амалиуӕггӕнӕг Босыкты Владимир фыццаг ахӕм улӕфӕн зонӕйы куыст срӕвдз кодта йӕ донхосгӕнӕндоны цур Згъуыбиры.
Интервью: Тедеты Индира - журнал "Мах дуг"-ы æхсæнадæмон литературон премийы лауреат
Ног хабӕртты лентӕ
0