https://sputnik-ossetia.com/20220216/epidemiologon-uavr-fkhuyzdr-is-15543862.html
Эпидемиологон уавæр фæхуыздæр ис
Эпидемиологон уавæр фæхуыздæр ис
Sputnik Хуссар Ирыстон
1.35 Новости 16.02.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-02-16T14:00+0300
2022-02-16T14:00+0300
2022-02-16T14:00+0300
видео
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/10/15543360_0:17:514:306_1920x0_80_0_0_584555de29e20ea4b080f388638756ff.jpg
1.35 Новости 4.58 Короновирусы уавæр нæ республикæйы: сæйраг санитарон дохтыры комментарий. Фæстаг дыууæ аз æнæхъæн дунейыл апарахат ис вирусы нæуæг хуыз. Кæй зæгъын æй хъæуы уый расидти бирæ зындзинæдтæ адæмæй. Рæстæгæй рæстæгмæ куы паддзахæдты арæнтæ æхгæнынц, куы хицæн уагдæттæ сæ куыстæй æрлæууынц, куы карантин расидынц. Уыимæ иумæ ма æнæниздзинад бахъахъхъæныны мадзæлттæ дæр хъæуы æххæст кæнын. Коронавирусæн дыууæ азы дæргъы фæзынд цалдæр штаммы, сæ иу у омикрон зæгъгæ. Мах баиу стæм республикæйы сæйраг санитарон дохтыримæ, байхъусæм ын йæ ныхасмæ эпидемиологон ситуацийы тыххæй Хуссар Ирыстоны. Комментари: Коцты Марина - сæйраг санитарон дохтыр. 19.19 Ирон æвзаг рæзы æмæ цæры. "Мах дуг" у Цæгат Ирыстоны ирон æвзагыл рагондæр журнал. Ацы аз фыццаг хатт арæзт æрцыд "Мах дуг"-ы æхсæнадæмон премийы лæвæрд. Хайад дзы райстой дыууæ Ирыстоны фысджытæ, куыд Хуссар, афтæ Цæгатæй дæр. Афтæ ма æрбауазæг сты Бельги æмæ Турчы цæрæг ирæттæ дæр. Хайад ма дзы райста не ᾿мбæстаг Тедеты Индира – фыццæгæм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг. Æмæ нын мадзалы фæдыл раргом кодта йæ тæлмæнтæ. Премийы лауреат банысан кодта ирон æвзаджы райрæзтæн æм æнæмæнгхъæуæг кæй кæсы Хуссар Ирыстоны сывæллæтæн телеуынынад æмæ журналтæ, куы уаид.Комментари: Тедеты Индира - æхсæнадæмон литературон журнал "Мах дуг"-ы премийы лауреат.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/10/15543360_0:0:468:351_1920x0_80_0_0_606f414d5ad88df007abea826d15dd0f.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
видео, видео
4.58 Короновирусы уавæр нæ республикæйы: сæйраг санитарон дохтыры комментарий.
Фæстаг дыууæ аз æнæхъæн дунейыл апарахат ис вирусы нæуæг хуыз. Кæй зæгъын æй хъæуы уый расидти бирæ зындзинæдтæ адæмæй. Рæстæгæй рæстæгмæ куы паддзахæдты арæнтæ æхгæнынц, куы хицæн уагдæттæ сæ куыстæй æрлæууынц, куы карантин расидынц. Уыимæ иумæ ма æнæниздзинад бахъахъхъæныны мадзæлттæ дæр хъæуы æххæст кæнын. Коронавирусæн дыууæ азы дæргъы фæзынд цалдæр штаммы, сæ иу у омикрон зæгъгæ. Мах баиу стæм республикæйы сæйраг санитарон дохтыримæ, байхъусæм ын йæ ныхасмæ эпидемиологон ситуацийы тыххæй Хуссар Ирыстоны.
Комментари: Коцты Марина - сæйраг санитарон дохтыр.
19.19 Ирон æвзаг рæзы æмæ цæры.
"Мах дуг" у Цæгат Ирыстоны ирон æвзагыл рагондæр журнал. Ацы аз фыццаг хатт арæзт æрцыд "Мах дуг"-ы æхсæнадæмон премийы лæвæрд. Хайад дзы райстой дыууæ Ирыстоны фысджытæ, куыд Хуссар, афтæ Цæгатæй дæр. Афтæ ма æрбауазæг сты Бельги æмæ Турчы цæрæг ирæттæ дæр. Хайад ма дзы райста не ᾿мбæстаг Тедеты Индира – фыццæгæм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг. Æмæ нын мадзалы фæдыл раргом кодта йæ тæлмæнтæ. Премийы лауреат банысан кодта ирон æвзаджы райрæзтæн æм æнæмæнгхъæуæг кæй кæсы Хуссар Ирыстоны сывæллæтæн телеуынынад æмæ журналтæ, куы уаид.
Комментари: Тедеты Индира - æхсæнадæмон литературон журнал "Мах дуг"-ы премийы лауреат.