Ирон богал Уалыты Радик ралӕудзӕн Европӕйы чемпионаты

© hk-cska.netlifУалыты Радик
Уалыты Радик - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik. Уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Уалыты Радик хайад райсдзӕн Европӕйы чемпионаты, кӕцы райдайдзӕн Будапешты 28 марты. Уый тыххӕй хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.
Национ командӕйы сӕйраг тренер Тедеты Дзамболат загътӕ ӕртӕ спортсмены нӕмттӕ, кӕцытӕ ацӕудзысты Венгримӕ. Континенталон ерысты хайад райсдзысты Абасгаджи Магомедов (61 кг), Уалыты Радик (79) ӕмӕ Даурен Куруглиев (86 кг).
Раздӕр куыд рабӕрӕг ис, афтӕмӕй ирон богалтӕ бацахстой кады пьедестал 92 кг онг категорийы турнир "Иван Ярыгин-2022"-ы.
Ног хабӕртты лентӕ
0