https://sputnik-ossetia.com/20220216/literaturon-premiyy-laureat-iron-vzag-tsry-m-rzy-15544502.html
Литературон премийы лауреат: ирон æвзаг цæры æмæ рæзы
Литературон премийы лауреат: ирон æвзаг цæры æмæ рæзы
Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт уагъд æрцыд журнал "Мах дуг"-ы æхсæнадæмон преми раттыны цытджын церемони. Мадзалы фæдыл йæ тæлмæнтæ раргом кодта премийы лауреат... 16.02.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-02-16T17:29+0300
2022-02-16T17:29+0300
2022-02-16T17:29+0300
радио иронау
хуссар ирыстоны
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/10/15544432_0:108:1201:783_1920x0_80_0_0_baf6d7f1374b0a180974e6dafe649e4e.jpg
Литературон премийы лауреат: ирон æвзаг цæры æмæ рæзы
Sputnik Хуссар Ирыстон
Литературон премийы лауреат: ирон æвзаг цæры æмæ рæзы
Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт уагъд æрцыд журнал "Мах дуг"-ы æхсæнадæмон преми раттыны цытджын церемони. Мадзалы фæдыл йæ тæлмæнтæ раргом кодта премийы лауреат Тедеты Индира."Церемонимæ куы ныццыдтæн, уæдæй фæстæмæ мæ хъуыдытæ сты уым, афтæ арф мидисимæ арæзт уыд. Мæхæдæг дæр æнхъæл нæ уыдтæн, ахæм мадзалы хайад райсдзынæн", - радзырдта лауреат. Мадзалы хайад истой куыд Цæгат, афтæ Хуссар Ирыстоны фысджытæ дæр. Афтæ ма æрбауазæг сты Бельги æмæ Турчы цæрæг ирæттæ дæр. "Ирон æвзаг цæры æмæ рæзы – уый уыд мадзалы сæйраг хъуыды", - банысан кодта Тедеты Индира. Тедеты Индира у Цхинвалы фыццаг астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг, йæ уацмыстæ йын бакæсæн ис социалон хызты. Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/10/15544432_0:0:1201:900_1920x0_80_0_0_6f50b8523da2884efa9db8119d95df7f.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , хуссар ирыстоны, аудио
радио иронау , хуссар ирыстоны, аудио
Литературон премийы лауреат: ирон æвзаг цæры æмæ рæзы
Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт уагъд æрцыд журнал "Мах дуг"-ы æхсæнадæмон преми раттыны цытджын церемони. Мадзалы фæдыл йæ тæлмæнтæ раргом кодта премийы лауреат Тедеты Индира.
"Церемонимæ куы ныццыдтæн, уæдæй фæстæмæ мæ хъуыдытæ сты уым, афтæ арф мидисимæ арæзт уыд. Мæхæдæг дæр æнхъæл нæ уыдтæн, ахæм мадзалы хайад райсдзынæн", - радзырдта лауреат.
Мадзалы хайад истой куыд Цæгат, афтæ Хуссар Ирыстоны фысджытæ дæр. Афтæ ма æрбауазæг сты Бельги æмæ Турчы цæрæг ирæттæ дæр.
"Ирон æвзаг цæры æмæ рæзы – уый уыд мадзалы сæйраг хъуыды", - банысан кодта Тедеты Индира.
Тедеты Индира у Цхинвалы фыццаг астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг, йæ уацмыстæ йын бакæсæн ис социалон хызты.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры.